филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:01 пятница, 05 июля 2024
25 августа 2014, 12:28
Сабаты йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Курскы хæстон цауты архайæг Лекъты Мурат

Йæ хæстон фæндаг райдыдта фистæгæйцæуæг æфсады. Уæд фашисттæй хъахъхъæдта Дзæуджыхъæу æмæ йæ райгуырæн Æрыдон. Хъæбатыр танкист дыууæ хатты фæци уæззау цæфтæ, сыгъд

73872
Йæ хæстон фæндаг райдыдта фистæгæйцæуæг æфсады. Уæд фашисттæй хъахъхъæдта Дзæуджыхъæу æмæ йæ райгуырæн Æрыдон. Хъæбатыр танкист дыууæ хатты фæци уæззау цæфтæ, сыгъд танкы, фæлæ знагæн сæттын нæ бакуымдта, хæсты цæхæрæн фæцыд йæ райдианæй йæ кæронмæ.

Абон зæгъæн ис, зæронд салдат нæ фæллад райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнынæй. Йæ кары куы бацыд, уæддæр уыд активон æхсæндадон архайæг, арæх иу фембæлд кæстæр фæлтæримæ, æмæ сын дзырдта, хæст куыд æгъатыр у, æмæ сабыр цардæй хуыздæр куыд ницы ис, уый.

Лекъты Мурат уыд Сочийы Олимпаг зынг Дзæуджыхъæуы стадионы чи хаста, уыцы кадджын адæмæй иу. Абон хæствæллад салдатæн зæгъдзысты фæстаг фæндараст.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania