филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
12 января 2021, 12:02
Сабийы сомбон аразгæ у йæ абонæй

Сæ фидæны рæсугъд фæлтæртæн фæзминаг хъуыддæгтæ аразыныл кусынц Æрæфы районы

Сабийы сомбон аразгæ у йæ абонæй. Уый æмбаргæйæ сæ фидæны рæсугъд фæлтæртæн фæзминаг хъуыддæгтæ аразыныл кусынц Æрæфы районы Хæзныдоны хъæуы фæрнджын хистæртæ. Сæ бæркадджын æрмдзæф бæрæг у хъæуы алы фæрнджын хъуыддагыл дæр. Се скъолайы ахуырдзаутæн  цы уавæртæ æмæ гæнæнтæ фæзынд сæ фæрцы, уый кой ракæныны курдиат нæм æрбарвыстой сывæллæтты ныййарджытæ, æма сын сæххæст кодтам сæ фæндон.

Хуымæтæджы нæ  рагфыдæлтæ нæ дзырдтой – сывæллонæй цæмæй  фидæны æхсæнадæн пайдайаг адæймаг рауайа, уымæй йæ алфамбылайы хъуамы уына дæнцæгæн хæссинаг хъуыддæгтæ æмæ адæмы. Уыцы хорздзинадæй фæхайджын сты Хæзныдоны хъæуы фæсивæд. Сæ фæрнджын хистæрти фæрци син арæзт цæуы бирæ гæнæнтæ.  Цы иунæг скъола дзы ис уымæ бацæугæйæ æнæ бадис уæвæн нæй сæ  уавæртыл. Йæ директор Тубеты Роберты ныхæстæм гæсгæ хъæуæй рацæуæг амалхъом адæймаг  Боллоты Хъазыбеджы фырт  Таймураз сын бацыд бирæ хæрзты. Ахуыргæнæндоны актон зал йæ фæрцы æрцыд капиталон цалцæггонд. Æмæ уый у  йæ бирæ хорздзинæдтæй иу. Скъолайы хæрæндон дæр бæллиццаг уавæры нал уыд – куыд йæ кусæнгæрзтæ нал бæззыдысты, афтæ  йæ цалцæг дæр. Ныр райдзаст агъуыстмæ зæрдиагæй  тагъд кæнынц  сабитæ.

Ныртæккæ республикæйы æппæт скъолаты дæр кæстæр къласонтæ лæвар кæй хæрынц, уый хорз æххуыс уæ бинонтæн, уæлдайдæр хъæуы цæрджытæн. Хæзныдоны скъолайы та ма уыцы хорздзинадæй фæхайджын сты хистæркъласотæ дæр. Хъæуæй рацæуæг Дамбегты Риммæйы  фæрцы сæ бон у сихор кæнын.

Хæрæндоны кусджытæ  дарддæр кæнынц сæ куыст.

Ныр кæстæркъласонты фæстæ хæрæндонæмæ   тагъд кæнынц  иннæтæ дæр.

Æмæ хуымæтæджы нæ …зонынц йæ – ам сæм алкæддæр хæрзхъæд хæринаг кæй æнхъæлмæ кæсы, уый.

Раст зæгъгæйæ ацы зæрдиаг хъуыддаджы кой ракæныны тыххæй нæ  ракуырдтой  скъоладзауты ныййырджытæ, фæнды сæ цæмæй сын сæ сывæллæттæн ахæм хорз хъуыддаг чи   аразы, уый кой алчидæр зона, чи зоны æмæ ма йæ æндæр хъæуты цæрджытæ дæр бафæзмдзысты.

Хæзныдоны скъолайы ахуырдзаутæн , æмæ алцыдæр конд цæуы цæмæй рæзой царды нырыккон гæнæнтæ зонгæйæ, хынцгæйæ, уыимæ та ма  сæ кадджын  фыдæлты æмæ истори хъуыдæ кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania