Афæдзмæ бирæ хорз хъуыддæгтæ царды рауадзын бантыст
Сæ афæдзы куыстæн хатдзæгтæ скодтой национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министрады. Афæдзмæ бирæ хорз хъуыддæгтæ царды рауадзын бантыст. Регионы цæрæг алы адæмыхæттыты минæвæртты хæлар цардимæ баст мадзæлттæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты. Уæлдай куыст кæнынц регионты хсæн æмгуыстады бастдзинæдтæ фидардæр кæныныл дæр. Сæйрагдæр программæты хсæн уыд регионы терроризм æмæ экстремизмы профилактикæ. Уыцы темæимæ баст лекцитæ æмæ фембæлдтытæ конд æрцыд Цæгат Ирыстоны фæсивæдæн. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй этнополитикон æмæ этнокультурон уавæр регионы у хорз æмвæзадыл. Ведомствæты хсæн куысты фæрцы арæзт æрцыд ахадгæ мадзæлттæ, зæрдæ дарæн ис, æмæ сæ фидæны азы дæр кæй адарддæр кæндзысты, ууыл.




