филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:08 среда, 11 июня 2025
16 мая 2025, 10:38
Сæ кадджын хистæрты ном ссардтой Цыколайы Сталины уынджы цæрджытæ

Уынгыл цæугæйæ æнæ бафиппайгæ нæй, трассæйы дыууæ фарсы дæр аивгонд сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты къамтæй

Хъæбатырты номыл. Сæ кадджын хистæрты ном ссардтой Цыколайы Сталины уынджы цæрджытæ. Сарæзтой фæзминаг хъуыддаг. Уынгыл цæугæйæ æнæ бафиппайгæ нæй, трассæйы дыууæ фарсы дæр аивгонд сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты къамтæй. Ацы акци саразыны хъуыды фæзынд Æрæфы районы социалон хъахъхъæнынады управленийы хицау Тускъаты Жаннæмæ. Царды рауадзын та йæ къухы бафтыд  хъæбатырты фæдонты фæрцы. Æдæппæтæй дзы ис æртын ветераны къамæй фылдæр. Мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, дарддæр дæр кусдзысты ацы хъуыддаг парахат кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania