филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:38 суббота, 28 сентября 2024
21 июня 2024, 11:41
Сæ профессионалон бон сбæрæг кодтой Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кинологон службæйы кусджытæ

Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ куыйтæ ахизынц бирæ цæлхдурты сæрты, адæмы ирвæзын кæнгæйæ

Адæймаджы хуыздæр æмбæлттæ, куыд царды, афтæ службæйы дæр. Сæ профессионалон бон сбæрæг кодтой Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кинологон службæйы кусджытæ. Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ куыйтæ ахизынц бирæ цæлхдурты сæрты, адæмы ирвæзын кæнгæйæ. Алы мыггæгты æмæ алы хуызты цæрæгойтæ домынц хицæн цæстдард. Уымæн æмæ сыл æвæрд ис стыр бæрнондзинад. Фæлæ сæ ирвæзынгæнæн хæстæ æххæст кæнынц, куыд æмбæлы, афтæ. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Куыдз Роймæ бирæ фæлтæрддзинад нæма ис, фæлæ уæддæр æвдисы хорз цæттæдзинад. ~hsujy kабрадор нырма уал ахуыр кæны, фæстæдæр та ратдзæн фæлварæнтæ. Æмæ æрмæст уæд райдайдзæн йæ профессионалон фæндаг –   ирвæзын кæндзæн адæмы. 28 азы размæ фæзынди кинологон службæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады бæрны.

Ирвæзынгæнджыты фарсмæ – цыппаркъахыг æмбæлттæ. Иумæ цæуынц даргъ хохвæндæгтыл. Ныххуылыдз вæййынц къæвдаты. Цавæр фæнды зындзинæдтæ кæд февзарынц, уæддæр ирвæзын кæнынц адæмы. Уый та у æвдисæг – æмзонд кæй сты сæ куысты адæймаг æмæ куыдз, уый. Цогойты Артур йæ сабибонтæй фæстæмæ уарзта куыйты, архæйдта-иу семæ. Фæлæ кинолог суæвыныл никуы хъуыды кодта. Фæлæ ныр бирæ азты дæргъы ахуыр кæны куыйты. Сæ размæ æвæрд ис иунæг хæс – адæмы ирвæзын кæнын.

Абон зын баууæндæн у, фæлæ кинологон службæ куы фæзынд, уæд æм истой æнахуыргонд куыйты.

Хистæр куыйты баивтой  Рой, Доннæ æмæ Шамбæ. Æрыгæттæ сты нырма. Кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ сæ ахсджиаг куысты. Сандрæ йæ кары бацыд. Кæд ыл 10 азы цæуы, уæддæр фидарæй лæууы æрыгæтты æмрæнхъ. Уыдон сты адæймагæн йæ хуыздæр æмбæлттæ. Гадзрахатæй рацæуынæй æдас кæмæй уай, ахæмтæ. Бирæ адæмæн æрвылбон царды æхсызгон нæу куыйты рæйын хъусын. Фæлæ, зæгъæм, хъæды, кæнæ хохы чи фæдзæгъæл уа, ахæм адæймагæн та куыдзы рæйд у иунæг хорз амал фервæзынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania