филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
01 апреля 2021, 14:00
Сæрдмæ бирæ рæстæг нал ис æмæ адæм æвзарынц сæ фæллад кæм суадзой уыцы бынæттæ

Уымæй уæлдай, байгом сты Куба, Шри-Ланка, Германи, Венесуэла, Сирий, Кипр

Сæрдмæ бирæ рæстæг нал ис, æмæ бирæтæ ныридæгæн хъуыды кæнынц, кæм хуыздæр сæ фæллад суадзой, ууыл. Пандемийæйы фæстæ æхгæд цы бæстæтæ уыдысты, уыдонæй бирæтæ байгом сты. Фæлæ, раздæрау æнæивгæ у æдасдзинады фæтк æххæст кæнын. Бæлвырддæр Касаты Наирæ.

Битарты Стеллæйæн Турчы йæ фæллад суадзын дæргъвæтин рæстæг у фыццаг хатт. Хи иппæрды фæтк куы расидтысты, уæд æнæхъæн бинонтæй домæнтæ æххæст кодтой куыд æмбæлы, афтæ. Стæй, искуыдæм цæуын, уæлдайдæр та тæхын, æдас нæ уыди. Ныр сын фадат куы фæцис, уæд дзы сфæнд кодтой спайда кæнын.

Уымæй уæлдай, байгом сты Куба, Шри-Ланка, Германи, Венесуэла, Сирий, Кипр. Грецимæ уал нырма ис лимит – Уæрæсейæ къуыримæ æрмæстдæр 500 адæймаджы. Фæлæ июлæй фæстæмæ æнхъæлмæ кæсынц æнæнымæц фæлладуадзджытæм. Æдасдзинады нормæттæ æххæст кæныны фæтк у алыхуызон. Фæлæ алы ран дæр горæтмæ рацæугæйæ хъæуы маскæйы уæвын. Отелы уæвгæйæ маскæ дарын хъæуы æрмæстдæр бирæ адæм цы рæтты æмбырд кæны, уым, пляжы та æппындæр нæ хъæуы. Раздæрау æнæмæнг у ковиды æппæрцæг тест. Атæхыны размæ скæнынц фæдзæстады документтæ. Ахсджиаг у, фæлладуадзыны рæстæг низы уаг куы рабæрæг вæййы, уæд йæ сдзæбæх кæныны процесс хауы фæдзæхстады компанимæ.

Уæрæсейы курортты тыххæй агентадты зæгъынц, республикæйы цæрджыты хсæн парахат не сты. Адæм разæнгардæй цæуынц æрмæстдæр санаторон-курортон бынæттæм – Минводмæ, Пятигорскмæ æмæ Ессентукимæ. Æнæдр хъуыддаг – Центрон Уæрæсейы цæрджытæ – хи иппæрды режимы рæстæг, Кавказмæ, бæлвырддæр та Цæгат Ирыстонмæ туристты нымæц бæлвырд фæфылдæр.

Гуырдзымæ та бахауæн ис нырмæ æрмæстдæр уæлдæфон транспорты фæрцы. Уый дæр Стамбулы уылты. Уымæ гæсгæ, ныртæккæ кæд сезон нæу, уæддæр адæм фылдæр тырнынц Сау денджызы былмæ – Анапæмæ æмæ Сочимæ.

Санаторий кæнæ пансионаты кæй фæнды йæ фæллад суадзын, æмæ йе нæниздзинад фæфидардæр кæнын, уыдонæн та фадат ис хицæн программæйæ спайда кæнын, æмæ путевкæйы 20% фæстæмæ раздахын. Уый тыххæй, хъæуы сæрмагонд гæххæттытæ бацæттæ кæнын.
Кæдæм хуыздæр ис фæллад суадзынмæ ацæуын, кæнæ та æппындæр макуыдæм ацæуын – уый алы адæймаг дæр равзардзæн йæхæдæг. Ахсджиаг у – æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын. Уæд зæрдæмæдзæугæ фæлладуадзæн рæстæг кæй арвитдзæн адæймаг, уый дызæрдыггаг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania