филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:29 суббота, 21 сентября 2024
20 августа 2019, 13:14
Сæрды æнтæф бонты нуазыны донæй цух æййафын уæлдай зындæр вæййы

Уый сæхиуыл ныр æртыккаг май æнкъарынц Æрыдоны кæцыдæр уынгты цæрджытæ

Сæрды æнтæф бонты нуазыны донæй цух æййафын уæлдай зындæр вæййы. Уый сæхиуыл ныр æртыккаг май æнкъарынц Æрыдоны кæцыдæр уынгты цæрджытæ. Уавæры тыххæй зонынц доныхызты куыстуаты, фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй доныхызтæ базæронд сты, домынц бындурон рацарæзт. Адæм та фылдæрæй фылдæр кæнынц, æмæ дон нæ фаг кæны. Уыимæ ма йæ бирæтæ фæстауæрц дæр нæ кæнынц. Куыд ис фарста алыг кæнæн, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Ахæм уавæрты цæры ныр æртыккæгæм мæй Светланæ Ершова. Йæ сыхæгтыл дæр хуыздæр бон нæй. Афойнадыл дон куы нæ æрæмбырд кæнай, уæд нæдæр хæринаг скæндзынæ, нæдæр дæ хæдзары куыстытæ бакæндзынæ. Дзугаты æфсымæрты уынджы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй донимæ къуылымпыдзинæдтæ вæййынц æрмæстдæр сæрды.

Бестауты Зойæмæ дæр нæ кæлы дон. Сылгоймаг у дыккаг къорды инвалид, уæззæуттæ хæссын йæ бон нæу. Хорз æмæ къæвдайы рæстæг ацы боцкъамæ дон æрæмбырд вæййы. Уый фæрцы сылгоймаг йæ тыхстытæ саразы.

Ацы уавæры тыххæй зонынц доныхызты куыстуаты, фæлæ сæ бон саразын ницы у. Доныхызтæ базæронд сты, адæм фылдæрæй фылдæр кæнынц, æмæ дон нæ фаг кæны. Иннæ бæллæх та ма цæрджытæ доныл кæй нæ фæстауæрц кæнынц, уый у.

Æнусы рдæджы размæ нуазæн дон æххæссыдис Æрыдоны æппæт цæрджытыл дæр. Ныр та хæтæлтæ нæ фаг кæнынц. Абон бындурон рацарæзт домынц доныхызты нæуæдз километры. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрадæн радтой хæслæвæрд, цæмæй сараза сæрмагонд программæ. Йæ нысан уыдзæнис республикæйы адæмы хъуагдзинад нуазæн донæй сæххæст кæнын. Фæстæдæр уыцы проект хъуамæ бахæссой федералон нысанон программæмæ. Уырдæм хаудзæнис Æрыдон дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania