филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:39 воскресенье, 01 февраля 2026
30 ноября 2023, 11:19
Сæрды райдиан Дзæуджыхъæуыл цы тыхджын къæвдайы цæф æрцыдис, уый фæстиуджытæ ма ныр дæр сæхиуыл æнкъарынц кæцыдæр хæдзæртты цæрджытæ

хсæн Шмулевичы уынджы 16-æм хæдзар дæр, адæм тыхсынц сæ пъадвалты уавæрæй

Сæрды райдиан Дзæуджыхъæуыл цы тыхджын къæвдайы цæф æрцыдис, уый фæстиуджытæ ма ныр дæр сæхиуыл æнкъарынц кæцыдæр хæдзæртты цæрджытæ. Се *хсæн Шмулевичы уынджы 16-æм хæдзар дæр. Адæм тыхсынц сæ пъадвалты уавæрæй. Ис дзы бæрзонд уымæлад, дзаг сты æлыгæй. Фарста алыг кæныны тыххæй сидтысты алы бæрнон куыстуæттæм. Уавæр зынгæ нæ аивта. Ныр бацагуырдтой адæмон фронты æххуыс. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ахæм уавæры Шмулевичы уынджы 16-æм хæдзары пъадвалтæ сты сæрды райдианæй нырмæ. Ардæм æрбахизæн ис æрмæст резинæ цырыхъхъыты. Пъадвалы коммуникацитæм ныр зынтæй бантысы бахизын цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады кусджытæн дæр.

Пъадвалты цы антисанитарон уавæр сæвзæрд, уый цæрджыты тыхсын кæны. Хæдзары фæзынд къогъотæ, къултæ уымæл кæнынц, тæф схæццæ вæййы уæллаг уæладзгуыты онг. Пъадвал æлыгæй байдзаг. Æмæ йæ кæд бафснайдзысты, уый бæрæг нæу. Разамынддæттæг компанийы радзырдтой, æнæнхъæлæджы уавæры фæстæ кусджытæ пъадвалтæ донæй ссыгъдæг кодтой, цы лами баззад, уый раласыны тыххæй та фæсидтысты горæты администрацимæ.

Æххуысмæ адæм фæсидтысты Адæмон фронты регионалон хайадмæ. Фембæлды æхсæнадон архайджытæй фæстæмæ ма уыдысты разамынддæттæг компанийы, горæты администрацийы, цæрæнуæтты æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды службæйы минæвæрттæ.

Ныртæккæ ацы фарста тыхсын кæны Шмулевичы уынджы 16-æм хæдзары цалдæр корпусы цæрджыты. Æмæ йæ хъæуы æвæстиатæй алыг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania