филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:22 суббота, 28 сентября 2024
08 июня 2021, 14:26
Сæрды райдиан нымад у ирхæфсæн æмæ тезгъогæнæн сезоны райдианыл

Алы сывæллон дæр бæллы йæ каникултæ хъæлдзæгæй æмæ цымыдисæй арвитыныл

Сæрды райдиан нымад у ирхæфсæн æмæ тезгъогæнæн сезоны райдианыл. Алы сывæллон дæр бæллы йæ каникултæ хъæлдзæгæй æмæ цымыдисæй арвитыныл. Сæ ныййарджытæ та фыццаджыдæр хъуыды кæнынц æдасдзинадыл. Ам ныхас цæуы аттракционты куыстыл. Чи сын кæсы сæ уавæрмæ, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн фылдæр хабæрттæ.

Сæрд райдыдта, æмæ аттракционтæн райдыдтой тæвд бонтæ. Хетæгкаты Къостайы номыл паркмæ æввахс æрбынат кодта сывæллæттæн ирхæфсæн бынат «Тропик Лэнд». Ам ис дыууын фондз алыхуызæн ирхæфсæн фæрæзы чысыл сывæллæттæн.

Парчы куыд зæгъынц, афтæмæй лæмбынæг кæсынц куыд æдасдзинады мадзæлттæм, афтæ механизмты уавæрмæ дæр. 2018 азы та йæ тыхы бацыдис сæрмагонд регламент. Уымæ гæсгæ хъуамæ ахæм аттракционты хицæуттæ сæ ифтонгарз бæрæг кæнынмæ хоной сæрмагонд специалисты. Уыдонмæ та хъуамæ уа лицензи æмæ сертификаттæ дæттыны бар. Парчы администратор Будтуты Руслан куыд загъта, афтæмæй æрвылаз æрбахонынц Краснодарæй специалистты. Йæ фиппаинагмæ гæстæ, æдасдзинад у æппæты сæйрагдæр.

Уæлдай æргом здахынц сывæллæтты кармæ. Алы ирхæфсæнæн дæр ис йæхи кар. Администрацийы куыд бамбарын кодтой, афтæмæй алы фæрæз дæр конд у бæлвырд уæзмæ гæсгæ. Зæгъæм, аттракцион «Веселухæмæ» уадзынц æрмæстдæр авд азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы сывæллæтты. Кæд уæм райгуырды тыххæй æвдисæндар нæй, уæд та уын сбардзысты уæ бæрзæнд. Метр æмæ дыууын сантиметрæй ныллæгдæр чи уа, уыдоны хæстæг дæр нæ бауаддзысты. Фæлгæсыны цалх тæссаг аттракционыл нымад нæу, фæлæ бæрзæндæй чи тæрсы, уыдонæн амонынц, цæмæй дзы сæ хи дард ласой. Алы аттракционæн дæр ис йæхи оператор. Фæткгмæ гæсгæ хъуамæ уыцы адæймаг æрмæст механизммæ нæ кæсы, фæлæ ма цæст дары æдасдзинадмæ дæр. Ахæм бæрнондзинад хъæуы бæттæнты горæт кæй хонынц, уыцы аттракционы.

Хуымæтæг батут æрмæстдæр фыццаг бакастæй у æдас. Зæгъæм Барнаулы аттракцион срæмыгъта, æмæ фæхаста сывæллæтты. Æнамонд хабар æрцыдис, батут кæй нæ ныффидар кодтой уый тыххæй. Дзæуджыхъæуы «Тропик Лэнды» ахæм хабарæн уæвæн нæй — зæрдæ æвæрынц парчы администрацийы.

Æрвылбон парчы сæ фæллад уадзынц æртæсæдæ сывæллоны бæрц. Ацы бынат уарзынц куыд сабитæ, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Хорз сæм кæсы сатæджы абадын. Фæлæ фæстаг рæстæг ардæм тезгъо кæнынмæ æрбацæуынц электрон самокаттыл. Уыдон та хъыгдарынц фæлладуадзджыты æмæ уæлдай бæрнондзинад æвæрынц парчы администрацийыл. Уыдон цæст дарынц, цæмæй самокаттыл дугъ чи рауадзы, уыдон сывæллæттæм хæстæг ма цæуой. Фæлæ хъыгагæн, сæ бон бирæ нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania