филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:22 суббота, 28 сентября 2024
29 декабря 2021, 13:52
Сæргълæууæджы традицион заз бæлас байгом кæныны кадджын мадзал уыди Уырыссаг академион театры.

Ног азы бæрæгбон  бацæттæ кæныныл бацархайдтой республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрад æмæ Цæгат Ирыстоны социалон рæзты министрад

Республикæйы Сæргълæууæджы традицион заз бæлас байгом кæныны кадджын мадзал уыди Евгени Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры. Ног азы бæрæгбон  бацæттæ кæныныл бацархайдтой республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрад æмæ Цæгат Ирыстоны социалон рæзты министрад. Архайдтой дзы, царды зын уавæрты чи бахауди, ахæм 250 сывæллоны. Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты æмæ интернеты хъомылгæнинæгтæ, стæй сæ ныййарджытæ мидхъуыддæгты министрады службæгæнгæйæ кæмæн фæмардысты, уыдон райстой лæвæрттæ. Мадзал саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы аз социалон æгъдауæй фæкæсынхъуаг 25 мин сывæллоны лæвæрттæ райсдзысты республикæйы социалон рæзты министрадæй. Ацы хъæппæрис æмæ йæ гæнæнтæ афæдзæй-афæдзмæ кæнынц парахатдæр.

Залы ног азы фæлгонцы, километртæ гирляндæ æмæ стыр алыхуызон шартимæ республикæйы сæйраг заз бæлас.  Традицимæ гæсгæ йын йæ цырæгътæ ссыгъта Митын Дада. Бæрæгбоны кадджын мадзал фæци, ног азы спектакль «Летучий корабль» фенынæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania