20 декабря 2022, 11:45
Сæрибары фæзы Дзæуджыхъæуы сæвæрдтой ногбоны заз бæлас
Горæты цæрджытæн æй балæвар кодта станицæ Николаевскæйы цæрæг Виктор Безин
Сæрибары фæзы Дзæуджыхъæуы сæвæрдтой ногбоны заз бæлас. Горæты цæрджытæн æй балæвар кодта станицæ Николаевскæйы цæрæг Виктор Безин. Бæлас ныссагътой 30 азы размæ. Сырæзтис станицæйы цæрджыты зæрдæтæ чи рухс кодта, ахæм бæрзонд æмæ аив зазбæлас, фæлæ йæ хицау æмбæрста, зазбæласы уидæгтæ арф кæй не сты æмæ йын тыхджын дымгæйæ афæлдæхынæй тæссаг кæй у, уый. Уымæ гæсгæ йæ ацы аз сфæнд кодта Дзæуджыхъæуæн балæвар кæнын ногбонмæ. Горæты культурæйы управленийы сæргълæууæг Мæрзойты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй ногбоны фидыц дард фæндагыл схæццæ Дзæуджыхъæуы сæйраг фæзмæ æмæ йæ абон райдайдзысты аразын бæрæгбоны фæлыстæй.
темæмæ гæсгæ




