Йæ фыды фыд Агуыбе ивгъуыд æнусы 40-æм азты бахæццæ Берлины онг, æмæ уым сæмбæлд Уæлахизыл
Ныртæккæ та уæ базонгæ кæндзыстæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хъæбатырдзинад чи вдисы, уыцы лæппутæй иу Чекойты Ацæмæзимæ. Дыууæ азы онг ис уым, æмæ тох кæны нацизмы ныхмæ. Дæнцæг кæмæй иса, уый дæр ын ис. Йæ фыды фыд Агуыбе ивгъуыд æнусы 40-æм азты бахæццæ Берлины онг, æмæ уым сæмбæлд Уæлахизыл. Хъæбатырты бинонтимæ базонгæ стæм мах дæр.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Чекойты Ацæмæз ныр дыууæ азы онг ис хæстон цауты зонæйы. Йæ мад Цæгæраты Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ сабибонтæй фæстæмæ уыд æцæг патриот. Бæлвырддæр та уарзта йæ райгуырæн бæстæйы истори, стæй ма архайдта спорты дæр.
Æфсæддон гæххæт æм куы рбацыд, уæд Ацæмæз фидарæй загъта, цæуы фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Хиуæттæ тынг батыхстысты, фæлæ сæ фырты фарс рахæцыдысты. Тохы быдыры Ацæмæзы хонын райдыдтой «Чек». 58-æм æфсады рæнхъыты Запорожьемæ хæстæг æххæст кæны йе фсæддон хæстæ. Лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй æвдисы, уый тыххæй йын саккаг кодтой дыууæ майданы. Цæгæраты Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй Ацæмæз йæ мысинæгтæ дзурын нæ уарзы. Æрмæст сдзуры – алцыдæр у хорз, – зæгъгæ.
Уæвгæ Ацæмæз дæнцæг кæмæй райса, уый йын ис. Йæ фыды фыд Чекойты Агуыбе 1941-æм азæй фæстæмæ тох кодта хуссайраг фронты. Уæгъд кодта Кубань, Украинæ, Польшæ. Уымæй дарддæр архайдта Кавказ немыцаг фашисттæй суæгъд кæныны тохы. Капитан Чекойты Агуыбе бахæццæ Берлины онг. Хæсты фæстæ йæ раивтой запасмæ, уымæн æмæ фæци бирæ цæфтæ. Йæ фырт Анатолийы зæрдыл арæх æрлæууы, Агуыбе-иу сыхæгты лæппуты йæ алыварс куыд æрæмбырд кодта, æмæ сын-иу хæсты хабæрттæ куыд кодта, уый.
Чекойты Агуыбе йæ зæрдиаг службæйы тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд «Сырх Стъалыйы» æмæ «Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны» ордентæй, стæй бирæ майдантæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ азты дæр фæллой кодта райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Куыста хъæууон хæдзарады, уый фæстæ хъæддзаума аразæн фабрикæйы. Ныртæккæ та йæ фæдон – Ацæмæз тох кæны фашизмы ныхмæ Украинæйы территорийы. Афтæмæй Чекойты бинонтæ сты лæгдзинады æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинады ирд дæнцæг.




