филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:17 пятница, 18 октября 2024
18 октября 2024, 10:37
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Цхуырбаты Зауырбег йæ цæфты фæстæ та ногæй раздæхт стыр спортмæ

Ивгъуыд азы райдиан йæ отряд бахауд æхстыты бын, æмæ Зауырбег цавæрдæр амалæй аирвæзт

Йæ цард райдыдта ногæй. Нæ программæйы хъайтар у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Цхуырбаты Зауырбег. Ивгъуыд азы райдиан йæ отряд бахауд æхстыты бын, æмæ Зауырбег цавæрдæр амалæй аирвæзт. Уыимæ йæ къах æмæ йæ къух фæсахъат сты. «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды æххуысæй æфсæддон операцийы ветеранæн скодтой протезтæ. Уый размæ та Зауырбег архайдта армрестлингæй. Æмæ ныртæккæ ногæй йе ргом аздæхта спортмæ. Суанг ма йæм хæрзиуджытæ дæр фæзынд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Цхуырбаты Зауырбег у сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран. 2022 азы бахауд хæсты раззагдæр хаймæ. Йæ æнæаипп службæйы тыххæй йын лæвæрд æрцыд хъæбатырдзинады орден. 2023 азы Зауырбег хæсты цæхæрæй диссаджы ирвæзт фæкодта. Бирæ цæфтæ баййæфта. Баззад æнæ иу къухы хайæ æмæ иу къахæй.  Райдыдта та ногæй цæрын ахуыр кæнын.

Зауырбег уыд батальон «Сæрмæт»-ы уæнг. Уыцы батальон æрмæст æфсæддон иугонд нæу.  У хæстон æфсымæрдзинады дæнцæг, сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтарты куырдадз. Зауырбеджы цардвæндаг кæд æнцон нæ рауад, уæддæр æрыгон нæлгоймаг у ныфсджын.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы размæ Зауырбег профессионалон æгъдауæй архайдта армрестлингæй. Уыд Уæрæсейы иугонд командæйы уæнг.  Европæйы ерысты æрыгæтты *хсæн рамбылдта бронзæ майдан. Йæ цæфты фæстæ та ногæй раздæхт стыр спортмæ. Архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты *хсæн  «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Кубок» рамбулыны ерысты. Зауырбегæн армрестлингæй уым æмбал нæ уыд.  Йе *рвылбон царды Зауырбег скъæры машинæ, архайы спортæй, хъомыл кæны сывæллæтты – цæры хуымæтæг адæймаджы цардæй. Тынг ын баххуыс кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд. Уый руаджы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æххæст сты къухты æмæ къæхты нырыккон спортивон протезтæй.

Зауырбег цы зындзинæдтæ бавзæрста, уыдон ын нæ фæкъуылымпы кодтой  йæ фæндтæ фидæнмæ. Ныридæгæн йæхи райдыдта  «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Кубок» рамбулынмæ цæттæ кæнын. Ноябры Сириусы сæ тыхтæ *взардзысты æппæтуæрæсеон ерысты уæлахиздзаутæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania