филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:31 пятница, 04 июля 2025
26 июня 2025, 10:38
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайды фæстæ Елхъанаты Сергей æрлæууыд йæ царды ног фæндагыл

Ныр хæстон цауты ветеран исы хъæууонхæдзарадон дæсныйад ахуырадон проект «Фермеры скъола»-йы архайгæйæ

Хæстон цауты службæйы æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайды фæстæ Елхъанаты Сергей æрлæууыд йæ царды ног фæндагыл. Ныр хæстон цауты ветеран исы хъæууонхæдзарадон дæсныйад ахуырадон проект «Фермеры скъола»-йы архайгæйæ. Проект æххæстгонд цæуы дыккаг аз. Ацы хатт дзы архайы 30 адæймаджы. Уыдонæй аст сты сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Елхъанаты Сергей 2013-æм азæй фæстæмæ йæ цард сбаста æфсæддон хъуыддагимæ. Æнæзæрдæхудтæй хъахъхъæдта Фыдыбæстæйы арæнтæ. Архайдта алы бæстæты хæстон цауты. Иуварс не рлæууыд сæрмагонд æфсæддон операцийæ дæр. Тох кодта хæрзиуджыты тыххæй нæ, æххæст кодта йе фсæддон хæс. 2023-æм азы цы 2 уæззау цæфы фæци, уыдоны фæстæ йæ бахъуыд службæ ныууадзын. Реабилитацийы 2 азы фæстæ та Сергей нысан кæны царды пълæнттæ.  Ныртæккæ исы ног дæсныйад. Фермеры скъолайы йæ ахуырад кæронмæ æрхæццæ кæны. 2 мæймæ Сергей райста æрмæст теоретикон нæ, фæлæ практикон зонындзинæдтæ дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг райдайдзæн стурвос дарын æмæ зæххы куыст кæнын.

Ацы аз фермеры скъолайы ахуырад цæуы 2 къабазмæ гæсгæ: «Фермерон хæдзарад саразын» æмæ ««Хъæууонхæдзарадон продукцийыл бакусыны биотехнологон бындуртæ». Ацы хатт архайджытæ систы 30 адæймаджы. Се *хсæн сæрмагонд æфсæддон операцийы 8 архайæджы. Уый у ногдзинад. Проекты ахуырад у лæвар. Куы фæуа, уæд алкæмæндæр ратдзысты профессионалон рацæттæдзинады тыххæй диплом.

Баххуыс кæнын куысты бынæттæ ссарын у сæйрагдæр хæстæй иу, зæгъынц «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды республикон филиалы. Ныридæгæн ног хъуыддаг байгом кодтой хæстон цауты 15 ветераны. Алцыдæр фонды комплексон куысты фæрцы.

Фермеры скъола пайдайаг у, куыд хъæууон хæдзарады къабазы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн, афтæ фæлтæрдджын аграритæн дæр. Ног зонындзинæдты фæрцы сæ бон суыдзæн хи хæдзарад бæрзонддæр æмвæзадмæ сисын кæнæ та агробизнесы байгом кæнын хи хъуыддаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania