филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:20 среда, 17 декабря 2025
11 июня 2024, 12:07
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн Ирыстоны уæзласæн машинæты шофыртæй

Зæрдæхæлар адæм нæ хæстонтæн арвыстой гуманитарон æххуыс – нуазыны дон 40 тоннæйæ фылдæр

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн Ирыстоны уæзласæн машинæты шофыртæй. Зæрдæхæлар адæм нæ хæстонтæн арвыстой гуманитарон æххуыс – нуазыны дон 40 тоннæйæ фылдæр. Республикæйы уæзласæн машинæты шофыртæ ацы хъуыддаг дыккаг аз æххæст кæнынц. Мессенджертæй иуы скодтой сæрмагонд къорд. Йæ хыгъды 400 адæймагæй фылдæр. Æрвылмæй уыдон сæмбырд кæнынц æхца, æмæ фронтмæ балхæнынц хæстонты цы хъæуы, уый. Афтæмæй арвыстой гуманитарон æххуысы 10 партийæ фылдæр. Къорды архайджытæ сидынц иннæ  шофыртæм дæр, цæмæй сæ фарсмæ æрбалæууой, æмæ се *ххуыс ноджы ахадгæдæр уа, уый тыххæй.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania