19 января 2023, 11:51
Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмарди, уыдонæн байгом кодтой мемориалон стендтæ
Ацы фæсивæд фæмард сты, се фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, хъæбатырæй
Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмарди, уыцы фæсивæды ном цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ рох ма уа, уый тыххæй Рахизфарсы районы цалдæр скъолайы байгом кодтой мемориалон стендтæ. Ныр, Ольгинскæйы, Беслæны, Зилгæйы, Фарныхъæуы скъоладзаутæ зондзысты æмæ хъуыды кæндзысты Эдуард Василенкойы, Мысыкаты Чермены, Деметы Николайы, Бестауты Сæрмæты, Гаджиты Тамерланы, Абайты Давиды, Зыгъуытаты Чермены, Касаты Виталийы хъæбатырдзинад. Ацы фæсивæд фæмард сты, се фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, хъæбатырæй. Сыгъдæгзæрдæйæ службæ кодтой сæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд.
темæмæ гæсгæ




