филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 воскресенье, 01 февраля 2026
09 ноября 2023, 11:28
Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатыр – Уыртаты Сослан

Йæ цард аскъуыд хъæу Жеребянкийыл тохты

Нæ программæйы дарддæры æрмæджы та радзурдзыстæм сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатыртæй иуы тыххæй. Уыртаты Сослан уыд ныфс йæ бинонтæн, хиуæттæн, хæлæрттæн, сыхæгтæн. Йæ цард аскъуыд хъæу Жеребянкийыл тохты. Кæимæ службæ кодта, уыдон æй уарзтой æмæ йын аргъ кодтой. Ацы бонты Сосланыл хъуамæ сæххæст уыдаид 48 азы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æмæ, æцæгдæр, æрыздæхт иннæтæй раздæр. Æрыздæхт æнустæм. Æрыздæхт хъæбатырæй. Бæрнон, рæстаг, кæддæриддæр æххуысмæ æрбацæуынмæ цæттæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ Уыртаты Сослан ацыд афæдзы размæ бархионæй 58-æм æфсады хыгъды. Йæ хæстон хæлæрттæ йæ уарзтой æмæ йын аргъ кодтой. Фæсном «Белый»-имæ старшина кæй фæмард, уый тыххæй дæр хиуæттæ базыдтой, кæимæ службæ кодта, уыдонæй.

Изольдæ йæхимæ æрбалхъивы бинонты хуызистытимæ альбом. Ацы къамтыл 23 азы иумæйаг амондджын царды æвдисæнтæ. Изольдæ куыд зæгъы, афтæмæй алцыдæр хъуыды кæны.

Ацы хуызистыл – сæрдыгон, тæвд изæр, фæстаг – сæрмагонд æфсæддон операцийы ацыды размæ. Хъарм хъæбыстæ, даргъ фæндараст æмæ цæссыгтæ. Уыцы командировкæйæ Сослан нал æрыздæхдзæн. Хиуæтты ныхæстæм гæсгæ, цыма æнкъардта, цы йæм æнхъæлмæ кæсы, уый.

Йæ амæлæты бон, хъæу Жеребянкийыл тохты Сослан æххæст кодта йæ хæс тыхджын æхстыты уавæрты. Командæ цы отрядæн лæвæрдта, уымæн ныхмæлæууæгимæ уыд хæстæг тох.

Хистæр фырт ныййарджытæн кæддæридæрр уыд ныфсы æмæ хъæддыхдзинады дæнцæг.

Сосланимæ сæ ныфсытæ бастой йæ ацæргæ ныййарджытæ. Уыдоны ма уымæй размæ дæр бахъуыд иу уæззау хъуыддаг бавзарын. Хистæр чызг æвирхъауæй фæмард. Уыцы цау сынкъуысын кодта æппæт республикæ. 6 азы размæ Уыртаты Стеллæ фыдракæнæджы къухтæй фæмард.

Уæд дæр, æмæ ныр дæр бинонты фарсмæ æрбалæууыдысты æмкусджытæ, хæлæрттæ, сыхæгтæ. Сослан уыд, ивгъуыд рæстæджы дзурæн кæй тыххæй нæй, ахæм адæймаг, зæгъынц чи йæ зыдта, уыдон.

Гасанты Валерий, Уыртаты Сосланы сыхаг: «Сосланы тыххæй дзурын иуæй зын у, иннæмæй та æнцон. Зын уымæн, æмæ уый фаг ныхæстæ мæ бон ссарын нæу – йæ ирондзинад, йæ уæздандзинад, йæ зæрдæхæлардзинад равдисын, мыййаг, куы нæ бафæразон, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ. Сослан уыдис æмгарджын, уæздан, уыдис фырнымд, фæлæ йæ сæр кæм хъуыдис-иу, уым-иу баххуыс кæнынмæ цæттæ».

Æдзухдæр зæрдæхæлар, цингæнаг, алы хъуыддаджы дæр бæлвырд. Йæ намыс цæрдзæн, йæ фæрнæйдзаг къухтæй цытæ скодта, уыцы дзауматы дæр.

Весеннийы уынджы ацы бирæуæладзыгон хæдзары кæртæй сæрмагонд æфсæддон операцийы фронттæй нал сыздæхтысты 3 хæстоны.

Бицъоты Артур,Уыртаты Сосланы сыхаг:  «Хъæрныхас нæ кодта, ам-иу сыхы исты хабар куы уыд, цин уа, зын хабар уа, уæд-иу Сослан фыццæгтимæ рацыд æддæмæ, фыццæгтимæ. Кæм фыдæбон хъæуы, уым фыдæбон кодта. Лæггад кæм хъæуы, уым лæггад лæвæрдта. Бæргæ, ахæм лæппутæ нæм фылдæр куы уаид Ирыстоны, сыхы, мыггаджы. Сыхы цард чи æмбары, уыдонæй алкæйыдæр хъæуы ахæм сыхаг».

Уылыбиаты Зæлинæйы чызг æмæ лæппу схъомыл сты Уыртаты Сосланы раз. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй никуы дих кодта сывæллæтты. Мобилизацийы рæстæг дæр сыхæгты сывæллæттыл йæхиуæттæй къаддæр нæ мæт кодта.

Фыццаг цæцæйнаг кампанийы архайæг Уыртаты Сосланмæ уыд хæстон фæлтæрддзинад æмæ æфсæддон архайдтыты ветераны статус. Ирон нæлгоймаджы намыс æмæ хæс ын нæ лæвæрдтой, сæрмагонд операцийы фæсчъылдым баззайыны бар.

8-æм ноябры Уыртаты Сосланыл хъуамæ сæххæст уыдаид 48 азы. Уæрæсейы президенты указмæ гæсгæ, æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ цы ныфс æмæ лæгдзинад равдыста, уый тыххæй Хъæбатыры йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кæндзысты Лæгдзинады орденæй. Йæ райгуырæн хъæу Чермены та йын байгом кæндзысты мемориалон фæйнæг. Афтæмæй Уыртаты Сосланы ном æнустæм цæрдзæн адæмы зæрдæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania