филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:04 вторник, 16 декабря 2025
03 октября 2025, 10:34
Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн баххуыс кæныны нысанимæ Луковскæйы арæзт æрцыд хæрзаудæн армукъа

Йæ архайджытæ адæмы размæ рахастой алыхуызон продукци – сæхи къухтæй конд товартæ, адджинæгтæ, сувениртæ

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн баххуыс кæныны нысанимæ Мæздæджы районы Луковскæйы арæзт æрцыд хæрзаудæн армукъа. Йæ архайджытæ адæмы размæ рахастой алыхуызон продукци – сæхи къухтæй конд товартæ, адджинæгтæ, сувениртæ. Бацæттæ кодтой концерт. Цы фæрæзтæ дзы æрæмбырд кæной, уыдон  æрвыст æрцæудзысты не мзæххон хæстонты хæрдзтæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй сыгъдæг Михаилы номхæссæг аргъуаны цур æрбамбырд зæрдæхæлар адæм, сæ хæс у салдæттæн гуманитарон æххуыс æмбырд кæнын. Фæстæдæр бындурæвæрд æрцыд сæрмагонд къорд «Алцыдæр фронтæн, алыдæр Уæлахизæн». Уæвгæ, абон гуманитарон æххуыс æмбырд кæныныл архайынц, ацы хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм се ппæт дæр. Акъоппыты цырæгътæ, маскировкæгæнæн хызтæ, гигиенæйы фæрæзтæ, продукттæ… Ахæм егъау армукъатæ районы арæзт фæцæуынц арæх.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania