филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:27 воскресенье, 14 декабря 2025
03 июля 2025, 10:44
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты командæ волейболæй цæттæ кæны «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок» рамбулыны турнирмæ

Се *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсментæ тренировкæ кæнынц командæ «Аланочка»-имæ

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты командæ волейболæй цæттæ кæны «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок» рамбулыны турнирмæ. Се *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсментæ тренировкæ кæнынц командæ «Аланочка»-имæ. 2 мæйы дæргъы иумæ хуыздæр кодтой се спортивон арæхстдзинад, техникæ æмæ тактикæ. Ерыстæ арæзт æрцæудзысты Калугæйы. Турниры архайдзысты бæстæйы алы регионтæй командæтæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хæстон цауты ветерантæй Цæгат Ирыстон у уæлдай сæрыстыр. Хæсты быдыры цы цæфтæ райстой, уыдон нæ хынцгæйæ та цæттæ сты размæ тырнынмæ. Ацы хатт республикæйы кад хъахъхъæндзысты спортивон аренæйы. Командæ цæттæ кæны «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок» рамбулыны турнирмæ волейболæй. Архайджытæй иу у сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Леуанаты Алыксандр. Фыццаг бонтæй уыд Запорожьейы фронты. Уæззау цæфы фæстæ ахуыр кодта ногæй цæрыныл. Волейбол сси реабилитацийы хай.

Тренировкæтæ къуыри 3 хатты, карз дисциплинæ æмæ хиуыл ма ауæрдын – тренер Козаты Фатимæ æргом кæны турнирмæ цæттæ кæныны сусæгдзинæдтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй Калугæмæ цæуынц æрмæст сыгъзæринмæ. Ерыстæм цæттæ кæнынц 2 мæйы. Командæ «Аланочка»-имæ иумæйаг тренировкæтæн ис хорз хатдзæгтæ.

Дана Карова волейболæй архайы 3 азы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иумæйаг тренировкæтæ, фыццаджыдæр, сты кæрæдзийæн æххуыс кæныны фæрæз. Чызджытæм ис волейболæй хъазыны фæлтæрддзинад, хæстонтæ та спортсменкæтæн æххуыс кæнынц тренировкæгæн процесс ног хуызы аразын.

Алчидæр сæ у нæ рæстæджы æцæг хъæбатыр. Иу хаттæй иннæмæ æвдисынц, уæлахиздзауты ныфс нæ сæтты. «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок» хуымæтæг хъазт нæу, фæлæ йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ Фыдыбæстæ чи хъахъхъæдта, уыдонæн кад кæныны нысан.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania