филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:51 суббота, 13 декабря 2025
30 сентября 2025, 10:34
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты командæ волейболæй цæттæ кæны «Фыдыбæстæ Хъахъхъæныджыты Кубок» рамбулыны турнирмæ

Ерыстæ уыдзысты 3-æй 6-æм октябрьмæ Кæсæг-Балхъары

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты командæ волейболæй цæттæ кæны «Фыдыбæстæ Хъахъхъæныджыты Кубок» рамбулыны турнирмæ. Ерыстæ уыдзысты 3-æй 6-æм октябрьмæ Кæсæг-Балхъары. Республикæйы кад хъахъхъæндзæн æмæ сæ ивгъуыд азы хатдзæгтæ хуыздæр кæныныл архайдзæн иугонд командæ. Йæ хыгъды 8 адæймаджы. Спортментæ тренировкæ кæнынц бадгæйæ, Цæгат Ирыстоны волейболы федерацийы президент, Дзæуджыхъæуы 2-æм спортивон скъолайы хистæр тренер-ахуыргæнæг Козаты Фатимæйы разамындæй. Ерыстæм цæттæ кæнынц командæ «Аланочка»-имæ иумæ. Волейболисткæтæ сын æххуыс кæнынц сæ арæхтдзинад фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы, æвдисынц сын се спортивон фæлтæрддзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania