«Горец» разамынд дæтты, Мамиаты Оледжы номыл цы ротæ арæзт æрцыд, уымæн
Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ ис Хæбæлаты Дмитрий. Йæ фæсномыг у «Горец». Йæхи ныхæстæм гæсгæ хæцæнгарз йæ къухтæм исынмæ никуы хъавыд, фæлæ Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ хъуыды аивта. «Горец» разамынд дæтты, Мамиаты Оледжы номыл цы ротæ арæзт æрцыд, уымæн. Йе службæгæнджытæ кад æмæ намысимæ æххæст кæнынц се фсæддон хæс, æмæ тох кæнынц нæ бæстæйы рухс фидæныл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Лæгдзинады ордены кавалер Хæбæлаты Дмитрий сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй баххæст кодта бархионты рæнхъытæ. Йæ фæсномыг у «Горец». Нæлгоймаг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ивгъуыд азы 24-æм февралы онг йæ къухмæ хæцæнгарз райсын йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд. Фæлæ Донбасс хъахъхъæнын куы бахъуыд, уæд атырныдта æвæстиатæй.
Денджызон фистæгæфсæддон Александр Тютерев уыд Донецкы Адæмон республикæйы хъйтар Мамиаты Оледжы хæстон æмбал. Уый бафæндыд Мамайы номыл ротæ саразын. Ныртæккæ йын разамынд дæтты Хæбæлаты Дмитрий. Райдыдтой Мариупольмæ фæндагæй, æмæ ацыдысты Харьковы облæстьмæ. Æфсæддон дæлхайады хыгъды фылдæр сты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ. Дмитрийы зæрдыл арæх æрлæууы, иу ахæмы æхстыты бын куды фесты, уый. Ротæйы арæх бахъæуы сæ бынат ивын, цæмæй артиллерион æмæ ракетæты æхстытæй сæхи бахизой, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ хæстонтæн алы секунд дæр у тæссаг.
Дмитрийæн саккаг кодтой майоры цин. Уымæй дарддæр хорзæхджынгонд æрцыд Лæгдзинады æмæ Кады ордентæй, стæй ныфсхастдзинады тыххæй майданæй. Фæлæ Дмитрий йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уыдон сты æппæт ротæйы хæрзиуджытæ. Йæхи æнтыстдзинадыл та нымайы йæ бинонты. Арæх сæ нæ уыны, уымæ гæсгæ йын алы минут дæр семæ уæвын у зынаргъ.
Ныртæккæ «Горец2 ис сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Уый та, йæхи ныхæстæм гæсгæ, у йæ фыццаградон хæс.




