филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:39 воскресенье, 01 февраля 2026
31 октября 2023, 11:51
Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы лæгдзинад чи æвдисы, уыдонæй бирæтæ сты не мзæххонтæ

Хъаныхъуаты Владиславæн патриотизм хуымæтæг дзырд никуы уыд

Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы лæгдзинад чи æвдисы, уыдонæй бирæтæ сты не мзæххонтæ. Нæ программæйы уæ базонгæ кæндзыстæм сæ иуы цардвæндагимæ. Хъаныхъуаты Владиславæн патриотизм хуымæтæг дзырд никуы уыд. Зæрдæйæ уарзта йæ райгуырæн хъæу Джызæл æмæ йе стыр фыдыбæстæ. Куыддæр æм сæрмагонд гæххæтт æрбацыд, афтæ æнæ уæлдай ныхасæй ацыд йæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ. Тохы быдыры йæхи равдыста ныфсхаст æмæ хъæбатырæй. Фæлæ, хъыгагæн, йæ цард æнæнхъæлæджы аскъуыд. Йæ амæлæты фæстæ йын лæвæрд æрцыдысты кадджын хæрзиуджытæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ацы къамтæм кæсгæйæ, рæстæг цыма йæ мидбынаты æрлæууыд, афтæ. Бинонты альбом у, ивгъуд азмæ сæ цы раздахы, уый фæрæз. Уарзон фыд, æфсымæр, æрдхорд æмæ æфсæддон æмбал. Æппæт ацы миниуджытæ хауынц Хъаныхъуаты Владиславмæ. Йæхи разæй кæддæриддæр мæт кодта иннæ адæмыл. Йæ хистæр æфсымæр Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй – иу Владислав йæхи хъуыддæгтæ дæр ныууагътаид, цæмæй иннæтæн баххуыс кæна, уый тыххæй. Фæсидæн гæххæтт æм куы рбацыд, уæд сæрыстырæй араст сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ.

Йæ уды миниуджытæм гæсгæ раздзог. Сабибонтæй фæстæмæ йæхимæ бæрнондзинад исын чи базыдта, ахæм цæхæрцæст лæппу. Æххуысхъуаг чи у, уыдонæн æххуыс кæнын – ахæм уыд Владиславы царды девиз. Йæ ныфс хаста цыфæнды куыстмæ дæр. Уæдæ бирæ азты уыд адæмон кафты ансамбль «Арт»-ы солист. Уæнгрог кафт, ирд цæстæнгас æмæ фæлмæн мидбылхудт. Зæрдæ æлхæдта йæ арæхстджын змæлдæй. Йæ цардæмбалимæ дæр ансамблы базонгæ ис. Иумæ фæцардысты æрмæстдæр 4 азы. Сæ хъæбул Кирæйыл ныртæккæ цæуы 2 азы.

Хъаныхъуаты Владислав тынг аудыдта йæ хиуæттыл. Йе нкъарæнты тыххæй никуы дзырдта. Суанг ма сын йæ фæсномыг дæр не схъæр кодта. Йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй йын йæ бинонтæ базыдтой йе мслужбæгæнджытæй.

Уыимæ Владислав æнцон фæндæгтæ никуы агуырдта, тырныдта тохы быдырмæ. Ацы аз, июлы поселок Вербовоемæ знаг куы æрбахæстæг, уæд командæгæнæджы хæстæ йæхимæ райста Хъаныхъуаты Владислав. Уалыты Алексей у йе мслужбæгæнæг. Куыд зæгъы, афтæмæй Владиславы хъæбатырдзинад-иу йе мбæлтты тугдадзинты дæр бауагъта ныфс. Фæстæдæр, 11-æм июлы чысыл къордæй ацыдысты сгарæн куыст кæнынмæ. Знаджы бынатмæ куы бахæццæ сты, уæд райдыдта тох. Уыцы ран Владислав фæци уæззау цæф.

Уæззау цæфтæ фесты Владиславæн йæ галиу къух, йæ сæр æмæ буар. Бахауд æртыккаг къæпхæны тарфыны. Баластой йæ Мариуполы рынчындонмæ. 22-æм июлы æрыгон хъæбатыры зæрдæ йæ куыстæй ныллæууыд. Хъаныхъуаты Владиславæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд «Ирыстоны Намысы» Майдан. Уымæй уæлдай йæ балæвæрдтой Лæгдзинады Орден æмæ 2-аг къæпхæны «Æфсæддон хъæбатырдзинады» тыххæй майдан райсынмæ. Джызæлы Коцойты Арсены номыл 1-æм скъолайы, хъайтар кæм ахуыр кодта, уый къулыл байгом кодтой номарæн фæйнæг, цæмæй Владиславы ном цæра æнусмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania