филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:59 суббота, 31 января 2026
17 марта 2023, 11:13
Сæрмагонд æмбырды ныхас цыд республикæйы æмархайды тыххæй «Ног проекттæ размæ кæныны фæдыл стратегион хъæппæристы агентадимæ»

Йæ архайджытæ дзырдтой фыццаградон проекттæ æххæст кæныныл æмæ ахсджиагдæр къабæзты райрæзты фæдыл æмгуыстадыл

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ премьер Дзанайты Барис сарæзта сæрмагонд æмбырд. Ныхас дзы цыд республикæйы æмархайды тыххæй «Ног проекттæ размæ кæныны фæдыл стратегион хъæппæристы агентадимæ». Йæ архайджытæ дзырдтой фыццаградон проекттæ æххæст кæныныл æмæ ахсджиагдæр къабæзты райрæзты фæдыл æмгуыстадыл. Цæгат Ирыстон агентадимæ активонæй кусы 2013-æм азæй фæстæмæ. Республикæ иугонд у проект «Смартека»-мæ. Уый у, алы къабæзты социалон-экономикон фарстатæ лыг кæнынæн хуыздæр фæлтæрдзинæдтæ агурыны сервис. Уымæй уæлдай ма регион архайы проектон-ахуырадон интенсив «Архипелаг»-ы, стæй фæсивæдæн æмæ бархиондзинадæн æххуысы программæты. Цæгат Ирыстон архайы креативон индустрийæты райрæзты дæр. Программæйы сæйраг нысан у сфæлдыстады къабазы проекттæн æххуыс кæнын. Республикæйы разамонæг бафыста æртæвæрсыг бадзырд стратегион хъæппæристы агентадимæ æмæ кино- æмæ телеуынынады продюсерты ассоциациимæ. Уымæ гæсгæ сæйрагдæр мадзæлттæй иу у, Цæгат Кавказы кинохроникæйы студи сног кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania