филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:45 вторник, 16 декабря 2025
20 июня 2025, 10:37
Сæрмагонд æргом алы пациентмæ дæр – ахæм у геронтологон центры кусджыты фыццаградон хæс

Ис дзы æппæт уавæртæ

Сæрмагонд æргом алы пациентмæ дæр – ахæм у геронтологон центры кусджыты фыццаградон хæс. Ис дзы æппæт уавæртæ. Дзæбæхгæнæн хайад нырыккон ифтонггæрзтимæ, ирхæфсæн мадзæлттæ. Ныр 10 азы дæргъы хистæр кары адæм центры исынц бæрзонд æмвæзадыл лæггæдтæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ленинграды блокадæйы уæвæг Галина Семенюк йæ радон æмдзæвгæ кæсы центры кусджытæн. Ис дзы арфæйы ныхæстæ, адæмыл чи ауды, уыдонæн – дохтыртæн. Систы йын хиуæтты хуызæн.

Геронтологон центрмæ фыццаг аз не *рбацæуы Чъерджиаты Светланæ дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй дохтырты ахаст пациенттæм зæрдæ æлхæны. Уæдæ процедурæтæ дæр æдзух  бæрзонд æмвæзадыл æххæстгонд цæуынц.

Галокамерæ, гирудотерапийы, электромагнитон процедурæты кабинеттæ. Центры ис алы уавæртæ ацæргæ адæмы æнæниздзинад фæфидардæр кæнынæн. Дзæбæх кæныны уарзондæр къабæзтæй иу хистæртæн сты – доны процедурæтæ.

Сæрмагонд æргом алы пациентмæ дæр – ахæм у геронтологон центры кусджыты фыццаградон хæс. Æнæивгæ у ныр 10 азы. Хъахъхъæнынц, цы традицитæ дзы фидаргонд æрцыдысты, уыдон. Центры куыст бæрзонд æмвæзадмæ сисыныл архайдтой æмæ абон дæр архайынц хуыздæр специалисттæ.

Ам æххæстгонд цæуынц культурон мадзæлттæ дæр. Алкæцыдæр сæ у, хистæрты зæрдæтæ барухс кæныны фæрæз, æмæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, цард цы цымыдисаг у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania