филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:46 вторник, 16 декабря 2025
23 сентября 2025, 10:34
Сæрмагонд къорд «Булат»-ы *фсæддонтæй йæ хæс æххæстгæнгæйæ йæ цард кæмæн аскъуыд, уыдоны номыл мадзал арæзт æрцыд Намысы аллеяйы

Сарæзтой йæ уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджыты Мысæн бон

Сæрмагонд къорд «Булат»-ы *фсæддонтæй йæ хæс æххæстгæнгæйæ йæ цард кæмæн аскъуыд, уыдоны номыл мадзал арæзт æрцыд Намысы аллеяйы. Сарæзтой йæ уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджыты Мысæн бон. Республикæйы æфхæрд æххæстгæнæг федералон службæйы минæвæрттæ, сæ нæмттæ хъæбатырдзинад, намыс æмæ кады чиныджы фыст кæмæн æрцыдысты, ахæм цыппар æмкусæджы цырттыл сæвæрдтой дидинджытæ. Дины кусджытæ та сарæзтой аргуыд. Мæхæмæтты Батраз, Тедеты Алексей, Козаты Алан æмæ Сергей Никонов 1998-æм азы хъæбатырæй фæмард сты, административон арæн хъахъхъæнгæйæ. Уыцы аз Уæрæсейы президенты Указмæ гæсгæ хъайтартæн саккаг кодтой Лæгдзинады ордентæ. Мадзалы архайдтой хъæбатыртæ хæстæджытæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania