филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:06 понедельник, 01 июля 2024
03 марта 2022, 14:08
Сакъиты Эльбрус абон бæрæг кæны йе 75 азы юбилей

Абон  дæр лæууы республикон газет «Дигорæ»-йы сæргъы

Кадджын хистæр, æвзагзонынады дæсны, адæмы фарнæй хайджын адæймаг Сакъиты Эльбрус абон бæрæг кæны йе 75 азы юбилей. Эльбрусы сабибонтæ кæд  хæсты фæстæ уæззау рæстæгмæ æрхауыдысты, уæддæр ын бантыст ахуыры фæндагыл ацæуын, æмæ  æвзагзонынады дæсны суæвын. Ростовы Паддзахадон университы уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ æрбаздæхт  Ирыстонмæ. Райдыдта кусын Æрæфы районы газеты æмæ уæдæй фæстæмæ иу бон дæр æгуыст нæ уыд. Бирæ уацтæ æмæ æрмæджытæ рацыд йæ  сисы бынæй. Уыимæ дзæвгар рæстæг та фæкуыста Паддзахадон Телерадикомпани «Алани»-йы радиойы службæйы. Абон  дæр лæууы республикон газет «Дигорæ»-йы сæргъы.  Цы рæстæг дзы кусы, уæдæй Дигорæ фæаивдæр, арæхдæр цæуын райдыдта, уыимæ фæфылдæр йæ коллектив. Гæздæнты æфсымæрты, стæй Æмбалты Цоцкойы номыл премиты лауреат, РЦИ-А культурæйы сгуыхт кусæг Сакъиты Эльбрус кусы мадæлон æвзаг, нæ фыдæлты истори бахъахъхъæныныл. У алы æмвæзады  конкурсты уæлахиздзау.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania