филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:29 суббота, 21 сентября 2024
23 ноября 2012, 09:22
Самвел Пельтоянмæ уазæгуаты æрбацыдысты культурæйы колледжы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ

2 азы размæ лæппу бахауд фæндаггон фыдбылызы, æмæ дзы тыххæй аирвæзт. Скодтой йын цалдæр уæззау операцийы. Йе сдзæбæх кæнынæн хъæуы бирæ æхца. Бинонтæн та сæ фадæттæ уыйбæрц нæ амонынц.

2 азы размæ лæппу бахауд фæндаггон
фыдбылызы, æмæ дзы тыххæй аирвæзт. Скодтой йын цалдæр уæззау операцийы.
Йе сдзæбæх кæнынæн хъæуы бирæ æхца. Бинонтæн та сæ фадæттæ

уыйбæрц нæ амонынц. Æххуыс сын кæнынц се мбæлттæ, хæстæджытæ, æнæзонгæ
адæм. Ныртæккæ Самвелæн хъыгдард у йæ зæрдæ, хъæуы ма йын Мæскуыйы
ортопедон æмæ травматологон операцитæ дæр скæнын. Бинонтæм се ргом
раздæхтой бирæ адæм. Культурæйы колледжы студенттæ лæппуйæн йæ зæрдæ
бахъæлдзæг кодтой се сфæлдыстадæй. Стæй йын радтой 25 мин сомы.

Цехъойты Ларисæ, РЦИ-Аланийы культурæйы
колледжы директор: 10.50- «Ацы лæппу ахæм бæллæхы бахаудта. Не хсæн цæры
æмæ райсомы бон ардæм чи æрбацыд, уыцы сывæллæттæ кæрæдзийæн
дзурдзысты: «Мæнмæ цы кæсы, уый нæ зонын æмæ мæ уæлхъус афтæ куы
æрбалæууой, æмæ куы зæгъой, цæмæй дын баххуыс кæнон», уæд уый уыдзæн
тынг раст, мæнмæ гæсгæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania