филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:07 воскресенье, 14 декабря 2025
08 июля 2014, 16:53
Санатори «Тæмисчъы» æмæ пансионат «Урсдоны» Украинæйы лыгъд адæмы абон бабæрæг кодта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз

Лигъдæтты æппæты тынгдæр тыхсын кæнынц сывæллæтты ахуыргæнæнæдæттæм æмæ рæвдауæндæттæм раттыны фарстатæ, стæй куысты æмæ цæрæн бынæттæ ссарыны хъуыддаг.

73300
Лигъдæтты æппæты тынгдæр тыхсын кæнынц сывæллæтты ахуыргæнæнæдæттæм æмæ рæвдауæндæттæм раттыны фарстатæ, стæй куысты æмæ цæрæн бынæттæ ссарыны хъуыддаг. Хицауады уæнгтæ дзы куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй Тæмисчъы æмæ Урсдоны дæр арæзт æрцæудзысты рæвдауæндæтты къордтæ. Хъомылгæнджытæ та сын уыдзысты, лигъдæттæй педагогон ахуырад кæмæ ис, уыдон. Сæ куыстæн сын фиддзысты мызд дæр. Æппæты фыццагдæр кусдзыстæм, сывæллæттимæ цы фарстатæ баст сты, уыдон, æмæ сентябрьмæ æрцæудзысты лыггонд, – загъта Мамсыраты Таймураз. Цæмæй хъыгдардбаййафджытæн куысты æмæ цæрыны бынæттæ фæзына, уый тыххæй ныртæккæ куыст цæуы лигъдæттæн социалон статус раттыныл. Адæмы куысты бæнæттæй ифтонггæнæг республикон комитеты уæнгтæ сын радзырдтой, цы куысты бынæттæм бацæуæн ис, уый тыххæй. Лигъдæттæ республикæйы сæргълæууæгæн куыд загътой, афтæмæй сæ бирæты фæнды, цæмæй суой Уæрæсейы цæрджытæ. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны Украинæйы хъыгдардбаййафджытæй ис 400 адæймаджы бæрц. 
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania