Бындур ын сæвæрдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Пагæты Алыксандр
Санаторий «Сосновая роща»-йы ныссагътой Уæлахизы 80 азы кадæн аллейæ. Бындур ын сæвæрдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Пагæты Алыксандр. Тулдз бæлæсты талатæ æмæ сиреньтæ саив кодтой куыстуаты фæз. Акцийы архайдтой æхсæнадон организациты минæвæрттæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæ æмæ санаторийы кусджытæ. Алы бæлас дæр дзурæг у абоны цард чи балæвар кодта, уыдоныл. Се хсæн уыди Пагæты Алыксандр дæр. Фронтмæ йæм фæсидтысты 43-æм азы. Райгуырæн бæстæйæн службæ кæнынæн снывонд кодта йæ цард. Хæсты фæстæ дæр ма 30 азы службæ бæстæйы сæраппонд. Ацы аз, 20-æм майы Пагæты Алыксандрыл сæххæст уыдзæни 100 азы. Мысæн акцийы архайынмæ йæм куы фæдзырдтой, уæд фронтовик сразы æхсызгонæй. Ныртæккæ хæстон йе нæниздзинад фидар кæны санаторийы. Йæхи цæттæ кæны Уæлахизы боныл сæмбæлынмæ, уый фæстæ та æнусы юбилей сбæрæг кæнынмæ. Бирæ рæстæг æрвиты фæсивæдимæ, стыр æргом здахы патриотон хъомыладмæ. Акци аразджытæ та фæнд кæнынц алы талайы цур дæр сæрмагонд нысантæ сæвæрын, ветеранты нæмттимæ.
