филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:16 вторник, 07 мая 2024
03 марта 2022, 13:45
Санаторий «Тæмискъ» кæдæй кусы, уæдæй фæстæмæ цал æмæ цал фæлтæры суазæг кодта

Фæлæ фæстаг азты ам уазджыты нымæц кæны къаддæр

Алæмæты хæххон уæлдæф, дзæбæхгæнæн процедурæтæ, стæй 85 азы куыст. Санаторий «Тæмискъ» кæдæй кусы, уæдæй фæстæмæ цал æмæ цал фæлтæры суазæг кодта. Фæлæ фæстаг азты ам уазджыты нымæц кæны къаддæр. Инфраструктурæ базæронд. Уæдæ ацы хъуыддагмæ йе вæрæн бахаста пандемия дæр. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Ацы палатӕ у иубынатон. Ис дзы сынтӕг, диван, уазалгӕнӕн, хицӕн уазӕгдон ӕмӕ хинайӕн. Фӕлӕ палатӕ сӕ хуымӕтӕгтӕй нӕу – бӕрӕг у, ӕрӕджы йӕ кӕй сцалцӕг кодтой уый. Ахӕм агъуыстытӕ санаторийы цалдӕр йедтӕмӕ нӕй. Иннӕтӕ та баззадысты советон замантӕй. Ныртӕккӕ санаторийы сӕ ӕнӕниздзинад фидар кӕнынц ӕрмӕстдӕр 15 адӕймаджы. Уыдон дӕр ам боныгон стационары вӕййынц. Афтӕмӕй дзы ис бынат 230. Фӕлладуадзджытӕн кӕнынц массаж, цъыфӕй сӕ дзӕбӕх кӕнынц, стӕй сӕ бон у спайда кӕнын физиопроцедурӕтӕй.

Санаторийы ингаляцитӕй куыд фӕзӕгъынц, афтӕмӕй сты ӕвдадзы хос. Уӕдӕ специалисттӕм дӕр фау не рхӕсдзынӕ. Уый тыххӕй сӕм цӕуынц сӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ алы рӕттӕй. Алагираг Годжыцаты Ларисӕ ардӕм ӕрбацӕуы алы аз дӕр. Балцӕг ын радтынц ӕнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхстады фонды.

Ныртӕккӕ фӕлладуадзӕн зонӕйы адӕм нӕй. Фӕлӕ санаторийы хаттӕн адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр сывӕллӕттӕ куы рбацӕуынц, уӕд – зӕгъы сӕйраг дохтыры хӕдивӕг Хохты Михаил. Ваннӕтӕ нӕ куыстой, ифтонгарз кӕй асаст, уый тыххӕй, фӕлӕ ныртӕккӕ алцыдӕр кусы куыд ӕмбӕлы афтӕ.

Бӕргӕ хорз уаид бӕстыхай рацаразын ӕмӕ дзы бындурон цалцӕг скӕнын. Йӕ фӕрцы фӕфылдӕр уаид фӕлладуадзджыты нымӕц. Ивддзинӕдтӕ бахаста пандемия дӕр. Фондз мӕйы дӕргьы санаторий дзӕгъӕл лӕуд кодта. Фӕлӕ ма ис ӕндӕр цӕлхдуртӕ дӕр.

Санаторитӕ ӕмӕ курортты иугонды разамонӕг куыд загъта афтӕмӕй реабилитацион мадзӕлттӕ арӕхдӕр хъӕуынц ацӕргӕ адӕм ӕмӕ инвалидты. Уыдон та нымад сты, се фтиаг чысыл кӕмӕн у уыцы адӕмы къордыл. Балцӕгтӕ балхӕнынц социалон фӕдзӕхстады фонды уылты.

Уыдон дӕр сты нымад. Санаторий та кусы 1937 азӕй фӕстӕмӕ. Уӕдӕй нырмӕ цыдӕртӕ аивта, фӕлӕ иуӕй иу ифтонгарзӕй пайда кӕнынц ныр дӕр ма. Ацы бынӕтты ныр дӕр ма ис Советон дуджы комулӕфт. Ацы ваннӕтыл ӕхсай азӕй фылдӕр цӕуы, ахӕмтӕ ныртӕккӕ нал аразынц, фӕлӕ цы ӕрмӕджытӕй арӕзт сты, уыдон пайда сты адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн. Сӕйрагдӕр та уый у ӕмӕ сондоны ваннӕтӕ адӕймагӕн сты тынг пайда. Фидардӕр кӕны иммунитет, адӕймаджы ирвӕзын кӕны алыхуызон низтӕй.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania