Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ, æххуыс исынц Цæгат Ирыстоны медицинон куыстуæттæй
Санитарон авиацийы куысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æмгуыстады фарстатыл ныхас цыди, Дзанайты Барис разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ, æххуыс исынц Цæгат Ирыстоны медицинон куыстуæттæй. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, ацы системæ хъæуы ноджыдæр фæахадгæдæр кæнын. Ацы аз Хуссар Ирыстонæй Цæгат Ирыстонмæ æрбарвыстой 100 рынчыны. Рынчыны æфцæджы сæрты машинæйæ ласын æнцон нæу, уæлдайдæр та боныхъæд æвзæр куы уа, уæд. Санитарон вертолеты фæрцы та ацы хъуыддаг скæнæн ис тагъддæр. Наниты Сослан бузныг загъта Цæгат Ирыстоны хицауадæн Хуссар Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады уавæрмæ сæ цæст кæй дарынц, уый тыххæй. Æмбырды кæронбæттæн Дзанайты Барис бахæс кодта, æппæт фарстатыл æвæстиатæй бакуысын.




