Байгом сæ кæндзæн Плиты Жаннæйы национ балет «Фатимæ»
Санкт-Петербурджы ацы мæй ацæудзысты Мариинаг театры цæгатирыстойнаг филиалы гастрольтæ. Байгом сæ кæндзæн Плиты Жаннæйы национ балет «Фатимæ». Сæвæрдта йæ Суанты Валерий. Йæ премьерæ уыд фарон оперæ æмæ балеты театры. Æрæджы та йæ равдыстой Мæскуыйы Стыр театры, республикæйы культурæйы бонты программæ æххæст кæнгæйæ. 13-æм ноябры та Мариинаг театры историон сценæйы равдисдзысты балет «Портрет Дориана Грея». Музыкæ йын ныффыстой Макс Рихтер, Мурат Кабардоков æмæ Абель Коженевский. Балет сæвæрдта Суанты Валерий. Йæ премьерæ уыд 2018-æм азы. Ацы аз та йæ июлы рацарæзтой. Гастрольты рæстæг Санкт-Петербурджы цæрджытæ ноггонд спектакль фендзысты фыццаг хатт. 14-æм ноябры равдисдзысты, Патрик Зюскинды романы мотивтæм гæсгæ æврæд балет «Парфюмер». Режиссер-æвæрæг, хореограф æмæ музыкалон программæйы автор дæр у Суанты Валерий.