Мадзæлттæ баст сты зындгонд ирон рухстауæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы бонимæ. Уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Мады Майрæмы аргъуаны пантеоны, поэты ингæныл.
Санкт-Петербургæй скъоладзаутæ ссыдысты Дзæуджыхъæумæ «Къостайы къуырийы» архайынмæ.
Мадзæлттæ баст сты зындгонд ирон рухстауæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы бонимæ. Уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Мады Майрæмы аргъуаны пантеоны, поэты ингæныл. Кад скодтой ирон литературæйы бындурæвæрæджы номæн. «Ныстуан» бакастысты ирон æмæ англисаг æвзæгтыл. Цæгатаг сæйраг сахар дæр Хетæгкаты Къостамæ уыд хæстæг горæт. Уым цалдæр азы цард аивæдты академийы ахуыргæнгæйæ. Фæсивæд ахуыр кæнынц Санкт-Петербурджы 639-æм скъолайы дипломатон къласы.
Поэты фыдыуæзæгмæ балцмæ сæхи зæрдиагæй цæттæ кодтой. Бæстонæй сахуыр кодтой Къостайы цымыдисаг царды æмæ хъæздыг сфæлдыстадон бынты тыххæй æрмæг. Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы та æвзонг уазджытæн бацæттæ кодтой ахадгæ программæ. Ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл æмдзæвгæтæ, аивадон сфæлдыстад, национ традицитæ æмæ æрмдæсныйад. Уымæй уæлдай ма равдыстой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ къуымбилы куыст кæнынæй. Дипломатон къласы ахуырдзаутæ Къостайы æмдзæвгæтæ бакастысты 10 æвзагыл.




