филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:18 среда, 03 июля 2024
22 марта 2022, 18:20
Санкциты рæстæг цалдæр зындгонд брендтæ Уæрæсейы бауæрæдтой сæ куыст

Уый бирæтыл тынг фæзынди, иннæтæ та зæгъынц, сæвзæрд уавæры ис пайда

Куыд зонæм афтæмæй, санкциты рæстæг цалдæр зындгонд брендтæ Уæрæсейы бауæрæдтой сæ куыст. Уый бирæтыл тынг фæзынди, иннæтæ та зæгъынц, сæвзæрд уавæры ис пайда. Хорз гæнæн у æрыгон дизайнертæн, фадат сын ис сæхи равдисынæн æмæ сæ продукци базонын кæнынæн. Дунейы зындгонд брендты баивынæн, кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæг хъæуы, зæгъынц модельертæ. Фæлæ уæддæр адæм бынæттон продукцимæ се ргом раздæхтой тынгдæр. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Уæрæсейы сæ куыст чи баурæдта, ахæм уæлæдарæсы брендты хыгъд кæны фылдæрæй-фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы Цæгат Ирыстоны се ппæт нæ уыдысты. Дизайнер Тебиаты Дианæйы ныхæстæм гæсгæ, сæвзæрд уавæры ис пайда дæр. Хорз гæнæн у æрыгон дизайнертæн, фадат сын ис сæхи равдисынæн æмæ сæ продукци базонын кæнынæн. Алыхуызæн уæлæдарæс, фæлæ, сæйрагдæр хæрзхъæд хъуымæцтæй. Хуыздæр коллекцитæ ныридæгæн æвдыст сты бынæттон шоурумты. Ахæм уæлæдарæсæй пайда кæнæн ис цалдæр сезоны. Дунейы зындгонд брендты баивынæн, кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæг хъæуы, зæгъынц модельертæ. Фæлæ уæддæр адæм бынæттон продукцимæ се ргом раздæхтой тынгдæр. Абон адæмы зæрдæмæ тынгдæр цæуы национ æууæлтимæ уæлдæдарæс. Алы дизайнермæ дæр ис йæхи цæстæнгас.

Ам ис куыд  сæйраг коллекцитæ, афтæ сезонтæм гæсгæ ирд дарæс дæр. Бынæттон шоурумты æрмæст дарæс нæй. Ам ис аивгæнæнтæ дæр. Рæттæ, хызынтæ, ювелирон коллекцитæ. Иу ныхасæй алцыдæр, цæмæй адæймаг цыфæнды уæлæдарæс дæр баххæст кæна.Импортон уæлæдарæс цæмæй баивай, уый Цæгат Ирыстоны ис, зæгъы Бзарты Каринæ. Афæдзы размæ Беслæны байгом кодта йæхи æрмадз. Чызджы продукци ныридæгæн дæр у зындгонд. Алцыдæр кæны хæрзхъæд хъуымæцтæй. Каринæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ куысты ис бирæ лыстæг хъуыддæгтæ æмæ фæзилæнтæ. Зæгъæм, æрвылбоны уæлæдарæс хицæн адæймагæн куы хуыйай, уæд бирæгæйттæй хуыйгæйæ у бирæ зынаргъдæр. Дизайнертæ сæ цæст дарынц алцæмæ дæр. Ам архайынц, цæмæй адæймаджы уæлæдарæс уа æнцондарæн, æмæ уыцы иу рæстæг аив.

Модæмæ гæсгæ хуыд джинс жакет. Сокаты Дианæ йæ коллекциты архайы дизайн æмæ экологон миниуджытæ иу кæныныл. Йæ бæллиц у хи бренд скæнын. Æрхъуыды йын кодта сæргонд дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй алы дизайнеры сæйраг нысан дæр у адæмæн рæсугъд уæлæдарæс хуыйын.

Ам сырæзынц модæйы алыхуызон хъæппæристæ. Дизайнерты æрхъуыдыдзинады æмæ куыстхъомдзинады фæрцы дзы рауайы æнæхъæн коллекцитæ. Алцыдæр фæлтæрдджын педагогты карз цæстдардмæ гæсгæ.

Уæлæдарæс сног кæнын æнцон хъуыддаг нæу, зæгъынц куыд дизайнертæ, афтæ стилисттæ. Уæлдайдæр та сезоны размæ. Тар хуызтæ ацы уалдзæг раивдзысты ирд ахорæнтæй уæлæдарæс. Зæгъæм, сау æмæ тарцъæх костюмты бæсты шоурумты фенæн уыдзæни бур æмæ кæрдæгхуыз дарæс. Бирæ хуызтæ æрбаздæхдзысты 2010-æм азæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania