Архайдтой дзы 70 адæймаджы
Сапицийы фæлладуадзæн бынаты арæзт æрцыд зиу. Архайдтой дзы 70 адæймаджы. Уæвгæ, ардæм хæстæг цы хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæ парчы зонæ бафснайынмæ рацæуынц алы райсом дæр, боныхъæд сæ куы бауадзы, уæд. Кусæнгæрзтæ дæр сæхи фæрæзтæй балхæдтой. Æрмæст ивгъуыд къуыримæ бынатæй раластой 15 уæзласæн машинæйы бырæттимæ æмæ хус къалиутимæ. Адæм æфснайдтой музыкæйы зæлтæм хъусгæйæ. Уый сын, куыд фæзæгъынц, сæ тыхыл тых æфтыдта. Зиуы зæрдиагæй бацархайдтой Донецкы адæмон республикæйæ хъæбысæйхæцджытæ дæр. Ирыстонмæ ссыдысты иумæйаг тренировкæтæ кæнынмæ. Территори бафснайынмæ рацыдысты куыд хистæр кары адæм, афтæ сывæллæттæ дæр. Зиуы æппæты хистæр архайæг уыд 86 аздзыд Балаты Алексей. Аивгæнæн куыстыты фæстæ се ппæт дæр æрæмбырд сты ирон фынджы уæлхъус. Фидæны ма бынæттон цæрджытæ фæнд кæнынц территори саив кæнын, æмæ фæлладуадзæн зонæйы ног бандæттæ сæвæрын.




