27 апреля 2023, 11:16
Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты бындур æвæрд æрцыди аллейæйæн, стæй дзы ныр уыдзæн чекистты номыл сквер
Акци арæзт æрцыди Уæрæсейы æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг хайады хъæппæрисæй
Дзæуджыхъæуы Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты бындур æвæрд æрцыди аллейæйæн, стæй дзы ныр уыдзæн чекистты номыл сквер. Акци арæзт æрцыди Уæрæсейы æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг хайады хъæппæрисæй. Архайдтой дзы управленийы кусджытæ æмæ ведомствæйы ветерантæ. Ныссагътой дзы алыхуызæн бæлæстæ, æдæппæтæй 80 талайы бæрц. Райсомæй раджы патриотон музыкæйы зæлтæм райстой белтæ æмæ райдыдтой кусын. Зæрдæ дарæн ис, ацы бынат фидæны адæмы уарзондæр фæлладуадзæн бынæттæй иу кæй суыдзæни, уыл.
темæмæ гæсгæ




