Уыдонæй дыууæйæ сты парти «Иугонд Уæрæсейы» минæвæрттæ: Уататы Зелимхан æмæ Битарты Сослæнбег. Иннæ дыууæ бæрнон бынаты та кусдзысты фракци «Уæрæсейы патриоттæй» Фадзайты Æхсарбег æмæ Валерий Куков.
Уыдонæй дыууæйæ сты парти «Иугонд Уæрæсейы» минæвæрттæ: Уататы Зелимхан æмæ Битарты Сослæнбег.
Иннæ дыууæ бæрнон бынаты та кусдзысты фракци «Уæрæсейы патриоттæй» Фадзайты Æхсарбег æмæ Валерий Куков.
Ахсджиаг кусгæ бон уыд канд депутаттæн
нæ, фæлæ финансты министрады разамындæн дæр. Наталья Царева комитетты
разамонджыты базонгæ кодта республикæйы бюджетимæ. Хъуамæ йæм федералон
бюджетæй бафтауой уæлæмхасæн æхца. Депутаттæ ма æркастысты карз
нозтуадзæг куыстуæттæн паддзахадон æххуыс кæнынмæ дæр. Ууыл рагæй цæуы
ныхас куыд Парламенты, афтæ Хицауады дæр. Уый тыххæй закъоны проект куы
сфидар кæной, уæд бынæттон организацитæн фылдæр гæнæнтæ уыдзæн иннæ
регионтимæ ерысхъом уæвынæн. Парламенты уæнгтæ ма æркастысты дыууæ мин
æртындæсæм азы бюджеты проектмæ дæр. Бæстондæр ыл æрдзурдзысты
Парламенты хæстæгдæр æмбырды.