23 мая 2024, 11:49
Сенатор Мамсыраты Таймуразы схорзæхджын кодтой фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй æртыккаг къæпхæны орденæй
Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй дыккаг къæпхæны орденæй схорзæхджын кодтой Цæгат Ирыстоны истори æмæ археологийы институты директор Бзарты Русланы.
Сенатор Мамсыраты Таймуразы схорзæхджын кодтой фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй æртыккаг къæпхæны орденæй. Уый тыххæй указ бафыста президент Владимир Путин. Кадджын хæрзиуæг ын радтой парламентаризмы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста æмæ закъон аразыны къабазы æнæзæрдæхудтæй кæй кусы, уый тыххæй. Уыцы указы куыд бæрæггонд у, афтæмæй фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй дыккаг къæпхæны орденæй схорзæхджын кодтой Цæгат Ирыстоны истори æмæ археологийы институты директор Бзарты Русланы.