филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:11 суббота, 21 сентября 2024
19 сентября 2014, 11:07
Сентябры 3-аг цыппæрæмы Уæрæсейы фæбæрæг кæнынц æрыгон доноры æппæтдунеон бон

Ацы аз дзы фыццаг хатт архайдта хæрзаудæн фонд «Быть добру». Сарæзтой тугдæттыны акци æмæ йæм æрбахуыдтой студентты. Æхсызгон уый у, æмæ дзы фæсивæд зæрдиагæй кæй архайдтой. Æмбарынц æй – ахæм акциты руаджы сæ бон у баххуыс кæнын, рынчын чи у, кæнæ, æвæстиатæй туг кæй хъæуы, уыдонæн.

74361
Сентябры 3-аг цыппæрæмы Уæрæсейы фæбæрæг кæнынц æрыгон доноры æппæтдунеон бон. Ацы аз дзы фыццаг хатт архайдта хæрзаудæн фонд «Быть добру». Сарæзтой тугдæттыны акци æмæ йæм æрбахуыдтой студентты. Æхсызгон уый у, æмæ дзы фæсивæд зæрдиагæй кæй архайдтой. Æмбарынц æй – ахæм акциты руаджы сæ бон у баххуыс кæнын, рынчын чи у, кæнæ, æвæстиатæй туг кæй хъæуы, уыдонæн. Уымæн æмæ – ирвæзын кæнынц адæймаджы.

«Искæмæн туг дæтгæйæ – ирвæзын кæнынц адæймаджы» – ахæм нысанимæ Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрады кусджыттæ сарæзтой донорты акци. Министрады бæстыхайы байгом кодтой тугдæттыны пункт. Ахæм акци дзы арæзт æрцыд фыццаг хатт, фæлæ куыд ацыд, уымæй станцæйы дохтыртæ разыйæ баззадысты. Туг раттынмæ дæр бацыдысты æрмæст министрады кусджытæ нæ, фæлæ скъолаты, училищæты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты кусджытæ æмæ студенттæ.

Æрыгон доноры акцитæй сæхи нæ адих кодтой хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы минæвæрттæ дæр. Æхсæнадон организаци «Иры фидæн»-имæ фæсидтысты уæлдæр скъолаты студенттæм æмæ иумæ æрбацыдысты туг дæттынмæ. Чидæртæ сæ æрбацыдысты фыццаг хатт. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд тугдæтгæйæ искæмæн баххуыс кæндзысты, уæд сын уый у тынг æхсызгон.

Æппæт донортæн радтой акцийы логотипимæ уæлæдарæс, блокноттæ, фыссæнгæрзтæ. Æхсызгон сын куыд нæ уыд, фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ фæсивæд кæй æмбарынц – ахæм акциты руаджы сæ бон у баххуыс кæнын рынчын чи у, кæнæ, æвæстиатæй туг кæй хъæуы, уыдонæн. Уымæн æмæ йæ æмбарынц – афтæмæй ирвæзын кæнын адæймаджы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania