филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:52 вторник, 17 марта 2026
11 марта 2026, 10:40
Сербийы райдыдтой Европæйы ерыстæ спортивон хъæбысхæстæй, 23 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спорстменты хсæн

Турнир цæудзæн 15-æм мартъийы онг

Сербийы райдыдтой Европæйы ерыстæ спортивон хъæбысхæстæй, 23 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спорстменты хсæн. Турнир цæудзæн 15-æм мартъийы онг. Ерыс цæудзæн цалдæр хуызы: уæгъдибар, сылгоймæгты æмæ грекъаг-римаг хъæбысхæст. Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъды ис дыууæ ирыстойнаг минæвары. Къизинты Дзамболат хæцы 65 килограммы онг уæзы. Ныридæгæн ын у дыккаг æппæтадæмон турнир. Фыццаг уыд Монголийы, æмæ уым не спорстмен рамбылдта æвзист майдан. Танделаты Аминæ та нæ бæстæйы иугонд командæйы кад хъахъхъæндзæн 62 килограммы онг уæзы. Ивгъуыд аз æрыгон спортсменкæ архайдта европæйаг ерысты, æмæ дзы рамбылдта æвзист майдан. Хъарданты Марат ерыс кæндзæн 79 килограммы онг категорийы, уыимæ – Германийы командæйы хыгъды. Плиты Владимир архайы Израилы номæй 86 килограммы онг уæзы. Ерысты архайынц 400 спортсменæй фылдæр нæ бæстæйы алы регионтæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ 2021-æм азæй нырмæ уæрæсейаг богæлттæ фыццаг хатт архайдзысты национ гимн æмæ тырысаимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania