Ног фæндаггон объекты арæзтады ныхмæ кæй зæххы хæйттæ исдзысты, республикæйы уыцы цæрджытæн фиддзысты компенсаци
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ федералон управлени «Упрдор «Кавказ»-ы хицау Александр Лукашук фембæлдысты, Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаг, трассæ Р-217 «Кавказ»-ы арæзтад кæм цæуы, уыцы зæххы хæйтты хицæуттимæ. Ног фæндаггон объекты арæзтады ныхмæ кæй зæххы хæйттæ исдзысты, республикæйы уыцы цæрджытæн фиддзысты компенсаци. Уыимæ хыгъд цæудзæн объектты базарадон аргъ. Александр Лукашук загъта, фиддонтæ скæндзысты, Упрдор «Кавказ»-æн федералон бюджетæй лимиттæ куы радих кæной, уæд. Сергей Меняйло бахаста фæндон гарантион фыстæджытæ бафыссын. Зæххы хæйтты хицæуттæ ахæм уынаффæимæ разы сты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы трассæ Р-217 «Кавказ»-ы дыккæгæм æмæ æртыккæгæм рады арæзтад. Куыстытæ цæуынц 10-æмæй – 25-æм км уаццаджы. Ног фæндаг райдайдзæн Архонкæйæ Дзæуджыхъæумæ фæндагыл, æмæ цæудзæн Московскийы соса-фæндаджы онг. Егъау арæзтадон куыстытæ райдыдтой 2021-æм азы апрелы. Уыцы мгъуыдмæ специалисттæ саив кодтой 12 км фæндаг, сæвæрдтой электрон хызты 830 цæджындзы. Ныртæккæйы онг объект эксплуатацимæ раттынмæ цæттæ у 75%. Зæххы куыстытæ дарддæр цæуынц Джызæлы æмæ Ногиры рдæм фæндагыл. Куыстытæ æххæстæй фæуынмæ хъавынц 2026-æм азы.




