филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:42 понедельник, 11 августа 2025
11 июля 2025, 15:20
Сергей Меняйло æрвылазон докладимæ раныхас кодта республикæйы Парламенты

Йæ раныхас райдыдта Стыр Уæлахизы 80 азы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы темæйæ

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æрвылазон докладимæ раныхас кодта республикæйы Парламенты. Йæ раныхас райдыдта Стыр Уæлахизы 80 азы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы темæйæ. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ цæры Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 15 ветераны. Æмæ сыл ахсджиаг у аудын. Программæ «Ирыстоны намыс»-ы æвзæрстытæ ацыдысты 32 кандидаты. Уыдон ахуырадон курс райдайдзысты августы. Уымæй дарддæр сæрмагонд æфсæддон операцийы 7 архайæджы систы Уæрæсейы Хъæбатыры сызгъæрин стъалыйы аккаг. Республикæйы сæргълæууæг ма радзырдта 2024-æм азы социалон-экономикон рæзты сæйрагдæр хъуыддæгты æмæ Хицауады куысты тыххæй. Æвзæр боныхъæды тыххæй 2024-æм азы хоры куыст бакодтой æрмæстдæр 70%, æндæр азимæ абаргæйæ. Горæт-спутник «Симды фæз»-ы арæзтад райдайдзæн Джызæлы, æмæ цæудзæн 15 азы. Ныртæккæ кусынц æмбæлгæ документацийыл. Проектыл дæр ма куыст цæудзæн дарддæр. Туризмы къабазыл дзургæйæ, Сергей Меняйло загъта, ивгъуыд азы республикæйы бюджетмæ туризмæй æфтиæгтæ систы 624 милуан сомы. Нысан кæнынц фæлгæсæг фæз саразын. Уырдыгæй дистанцион хуызы фенæн уыдзæн Дæргъæвсы некрополь. Йæ территоримæ та цæудзысты æрмæстдæр музейон комплексы специалисттæ. Стæй ма йæ алыварс сæвæрын хъæудзæн бырутæ. Педагогты æнæмæнг мызд 2024-æм азы фæфылдæр 20%. Социалон æххуыс кæнынц бирæсывæллонджын бинонтæн. Сергей Меняйло ма йæ оклады стыр æргом аздæхта нæ республикæйы рæзтмæ æмæ нысантæм хæстæгдæр фидæнмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania