филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:45 вторник, 17 марта 2026
21 февраля 2026, 10:37
Сергей Меняйло архайдта æхсæнад «Знание»-йы регионалон хайады цæстдарæн советы æмбырды

Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй организаци æххæст кæны ахсджиаг хæстæ

Сергей Меняйло архайдта æхсæнад «Знание»-йы регионалон хайады цæстдарæн советы æмбырды. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй организаци æххæст кæны ахсджиаг хæстæ. Фыццаджыдæр фидар кæны адæмы граждайнаг цæстæнгас. Уыимæ кæны рухстауæн, хъомыладон æмæ патриотон архайд. Уый та ныртæккæйы царды уавæрты у æнæмæнг хъæугæ хъуыддаг. Регионы разамонæг ма арфæйы фыстæджытæ радта, æхсæнад «Знание»-йы проекттæ царды уадзынмæ стыр æвæрæн чи хæссы, ахæм 6 адæймагæн. Генералон директоры хæдивæг Георгий Будный та Кады гæххæт радта Цæгат Ирыстоны паддзаххадон университеты ректор Огъуаты Аланæн. Регионалон хайады разамонæг Гæбæраты Каринæ бацæттæ кодта доклад, сæ филиалы архайды тыххæй ивгъуыд азмæ. Арæзт æрцыд 400 рухстауæн мадзалы. Бацархайдтой дзы 21 мин адæймаджы. Ныхас ма цыд 2026-æм азы куысты нысантыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania