Разамынд ын лæвæрдта УФ-йы хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак
РЦИ-А сæргълæууæг Сергей Меняйло видео-конференцийы хуызы архайдта газуадзæн фарстаты фæдыл федералон штабы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта УФ-йы хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак. Федералон штабы æмбырды архайджытæ æрдзырдтой газæй ифтонг кæныны къабазы Уæрæсейы президенты хæслæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл, стæй снысан кодтой афæдзы 2-аг æмбисы куысты пълан дæр. Президент бахæс кодта, 2030-æм азмæ æрдзон газ милуан 6 сæдæ хæдзармæ бауадзын. Уæлæмхасæн та ма цæхæрадæтты æмбаладтæ дæр. Газæй ифтонг кæныны программæ йæ тыхы бацыд 2021-æм азы. Уæдæй фæстæмæ газ бауадзыны тыххæй фыст æрцыди милуан æмæ 5 сæдæ бадзырдæй фылдæр. 2025-æм азы кæронмæ газ бауадзыны техникон гæнæнтæ кæмæн ис, уыцы хæдзæртты нымæц сырæзт 223 минмæ. Пъланмæ ма бахастой ноджыдæр 200 мин хæдзары. Дарддæр цæуы цæрæн хæдзæрттæ хи хыгъдмæ бахæссыны куыст, газ бауадзыны хъуыддаджы уый у æнæмæнг процедурæ. Ацы азы райдианæй нырмæ, уал газæй сифтонг кодтой 605 хæдзары. Вице-премьер субъектты разамонджытæн бахæс кодта, ацы куыст фæхъомысджындæр кæнын. Регионалон штабты разамонджытæн бахæс кодтой, льготæтæ чи исы, уыцы адæмæн газ бауадзынæн цы фæрæзтæ радих кодтой, уыдонæй куыд ахадгæйæ пайда кæнынц, уый сбæрæг кæнын.
