филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:15 воскресенье, 01 февраля 2026
30 декабря 2021, 11:31
Сергей Меняйло архайдта хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл Президенты цур арæзт Советы æмбырды

Видеоконференцийы хуызы йæ амыдта Президенты æххуысгæнæг, Советы сæрдар Дмитрий Миронов

Сергей Меняйло архайдта хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл Президенты цур арæзт Советы æмбырды. Видеоконференцийы хуызы йæ амыдта Президенты æххуысгæнæг, Советы сæрдар Дмитрий Миронов. Уый раарфæ кодта конференцийы архайджытæн, ахæм зæрдиаг куыст кæй кæнынц, уый тыххæй. Сæйраг хæстæм хауынц уæрæсейаг хъазахъхъæгты æмархайд. Уымæй дæр аразгæ у паддзахады фидардзинад. Цæгат Ирыстоны хъазахъхъæгты æхсæнадты ис 1810 адæймаджы. Сты алы адæмы хæттыты минæвæрттæ. Активонæй архайынц республикæйы царды. Алайнаг зылды республикон æхсæнад рæстæгæй-рæстæгмæ фæархайы æхсæнадон цард хъахъхъæныныл. Се вæрæн бахастой, адæм пандемияйы рæстæг санитарон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый бæрæг кæныны куыстмæ. Хъазахъхъæгтæ сæ цæст дарынц Цмийы, Дæргъæвсы æмæ Фыййагдоны арæнты хъахъхъæнынмæ дæр. Уымæй дарддæр службæ кæнынц контрактмæ гæсгæ, фæархайынц Алагиры районы хъæды хæдзарады рейдты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania