Дзырдтой дзы, Цæгат Кавказы федералон зылды эпидемиологон уавæры æмæ коронавирус дарддæр парахат кæнын ма бауадзыны мадзæлттыл
Сергей Меняйло архайдта, президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайкæйы разамындæй цы æмбырд ацыд, уым. Дзырдтой дзы, Цæгат Кавказы федералон зылды эпидемиологон уавæры æмæ коронавирус дарддæр парахат кæнын ма бауадзыны мадзæлттыл. Юрий Чайкæ радзырдта, йæ бæрны цы зылд ис, уым ног штамм Омикрон куыд парахат кæны уый тыххæй. Ног низ æвæры ног цæлхдуртæ æмæ сæ аиуварс кæныны тыххæй регионты разамонджыты хъæуы фæахадгæдæр кæнын цæттæдзинады мадзæлттæ. Хъуамæ бæстон цæстдард уа, æхсæнадон бынæтты, базарадон центырты æмæ транспорты санитарон домæнтæ куыд æххæст кæнынц уымæ. Ныртæккæ бацархайын хъæуы, цæмæй сырæза дзыллон иммунитеты æмвæзад. Уый тыххæй хъуамæ вакцинацийы пункттæ кусой æнæкъуылымпыйæ, адæмимæ та æдзухдæр цæуа амонæн куыст.




