14 сентября 2021, 11:36
Сергей Меняйло архайдта Самарæйы 435 азы кадæн мадзæлтты
Горæты равзæрды кадæн дзы байгом кодтой адæмы хæлардзинады парк
Сергей Меняйло архайдта Самарæйы 435 азы кадæн мадзæлтты. Горæты равзæрды кадæн дзы байгом кодтой адæмы хæлардзинады парк. Уый у егъау этнокультурон комплекс æмæ æрбынат кодта Куйбышевский районы. Ис дзы фенæн немыцаг, украинаг, тæтæйраг, башкираг, чувашийаг æмæ ирон хæдзæрттæ. Алкæцыйы дæр дзы равæдтой бæлвырд адæмыхæттыты цардыуаджы дзаумæттæ, стæй интерактивон стендтæ. Уыдон уазджыты зонгæ кæнынц нациты æгъдæуттæ æмæ культурæйымæ. Парк сарæзтой Хуссар Ирыстоны раздæры премьер-министр, горæт Самарæйы кадджын гражданин Хуыгаты Ростиславы æххуысæй.
темæмæ гæсгæ