Видеобастдзинады хуызы йæ амыдта Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта, Уæрæсейы субъектты хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды актуалон фарстаты фæдыл æмбырды. Видеобастдзинады хуызы йæ амыдта Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка. Æмбырды ма архайдта Мæхъæлы Республикæйы сæргълæууæг Махмуд-Али Калиматов. Æмбырды æркастысты адæмты æмæ дины хуызты хсæн ахастдзинæдтыл, регионты хсæн культурон бастдзинæдтæ фидардæр кæныныл, стæй ма æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты æмæ барадхъахъхъæныны структурæты иумæйаг архайдыл. Сæйраг нысан – æхсæнадон æдасдзинадыл кусын. Юрий Чайка куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у дыууæ регионы цæрджыты социалон уавæртыл æмæ иудзинадыл кусын. Нырыккон уавæрты Уæрæсейы бирæнацион адæмты иудзинад у нæ бæстæйы фидар бындур. Уæлдайдæр та сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстæ æххæст кæнгæйæ. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ профилон структурæтæн радтой бæлвырд амынддзинæдтæ, хицаудзинады æмæ æхсæнады бастдзинæдтæ фидардæр кæныны, æмæ граждайнаг иудзинадыл кусыны тыххæй.




