Йæ фиппаинагмæ гæсгæ хъæуы бацархайын, цæмæй рæзой сæрмагонд профилмæ гæсгæ чи кусы, ахæм медицинон куыстуæттæ
Районы цæрджытæ хъуамæ бынæтты исой хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ, уый тыххæй та хъуамæ рынчындæттæ æххæст уой хъæугæ ифтонгарзæй. Уый тыххæй Æрыдоны рынчындонмæ кусæг балцы рæстæг загъта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ хъæуы бацархайын, цæмæй рæзой сæрмагонд профилмæ гæсгæ чи кусы, ахæм медицинон куыстуæттæ. Сæ бындурыл адæм исдзысты ног технологитæм гæсгæ медицинон лæггæдтæ. Ахæм фæткмæ гæсгæ хъуамæ куса республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы куыст — загъта Сергей Меняйло. Æрыдоны районы рынчындоны сæйраг дохтыр Моргуаты Аслæнбег куыд загъта, афтæмæй куыстуаты бæрзонд æмвæзадыл ис хирургон службæ. Ацы аз рынчындоны фыццаг хатт æнæлыгкæнгæйæ операцийы фæрцы мастæй систой дуртæ. Уымæй уæлдай ныртæккæ кусынц травматологон хайады куыст сног кæныныл æмæ ПЦР лаборатори байгом кæныныл. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй алы районы рынчындоны дæр хъуамæ уа компьютерон томограммæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы риссаг фарстатæ алыг кæнын Сергей Меняйло банымадта хицауады сæйрагдæр нысантæй иуыл. Республикæйы разамонæг фæнд кæны Цæгат Ирыстоны медицинон куыстуæттæ се ппæтдæр бабæрæг кæнын




