филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:09 вторник, 16 декабря 2025
12 ноября 2025, 10:35
Сергей Меняйло бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы 46-æм скъола

Республикæйы Сæргълæууæгæн равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты скъолайы музей

Сергей Меняйло бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы 46-æм скъола. Республикæйы Сæргълæууæгæн равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты скъолайы музей. Æппæт экспозицитæ скъоладзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ æмбырд кодтой 5 азы дæргъы. Ахуыргæнæндон хæссы Советон Цæдисы хъæбатыр Дзусаты Ибрагимы ном. Æфсæддон тæхæджы уæлæдарæс дæр фенæн ис ам, скъолайы музейы. Ис ма сæм агурæн отряд. Цы дзаумæттæ ссардтой, уыдон дæр цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц ам. Фæсивæд сæхæдæг скодтой сæрмагонд картæ. Уым бацамыдтой, Цæгат Ирыстоны территорийы 1941-1945 азты ныгæд чи рцыд, уый. Картæ конд у дыууæ хуызы: электрон æмæ мыхуыргонд. Афæдзы размæ ма скъолайы фæзынд, сæрмагонд æфсæддон операциимæ баст экспозици. Информацион стендтыл фенæн ис хъæбатырты портреттæ, сæ царды хабæрттæ, хи дзаумæттæ, майдантæ æмæ хæцæнгарзы хуызтæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй алы æфсæддон экспонат дæр рæзгæ фæлтæрн дзуры нырыккон историйы æмæ хъæбатырдзинады тыххæй. Алы бон дæр æй тохы быдыры æвдисынц фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ. 46-æм скъолайы ахуыр кодтой Уæрæсейы дыууæ хъæбатыры – Абайты Юрий æмæ Тыбылты Марат. Ныртæккæ та нæ бæстæйы кад хъахъхъæнынц ацы скъолайы 119 ахуырдзауы ныййарæджы. Республикæйы сæргълæууæг аныхас кодта ахуыргæнджытимæ, дзуæппытæ радта скъоладзауты фæрстытæн дæр. Фембæлды сæйрагдæр хъуыды – се ппæты хъæуы æмбарын, патриот уæвын цы у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania